Козаты Асланбег vs Гвиниашвили Николоз

© FacebookБоксер-профессионал Козаты Асланбег
Боксер-профессионал Козаты Асланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Асланбег куыд дзуры, афтӕмӕй ис иттæг хорз физикон формæйы æмæ йæ фидарæй уырны, кæй фæуæлахиз уыдзæн.

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Боксер-профессионал Козаты Асланбег йæхи цæттæ кæны радон рейтингон тохмæ. Ацы хатт йæ ныхмæлæууæг уыдзæн гуырдзиаг спортсмен Гвиниашвили Николоз, радзырдта Sputnik Козаты Асланбег йæхæдæг.

Боксер  Козаты  Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Аслан: ӕз сахуыр дæн зындзинæдтыл æмæ нæ агурын рог фæндæгтæ

Тох уагъд æрцæудзæн Римы 21 февралы, турнир Fighting Elite-йы фæлгæтты.

WBC версийы Европӕйы чемпион, фӕсивӕды ӕхсӕн дунейы ӕхсӕнконтиненталон чемпионы титулы хицау, Азийы чемпион радон тохмæ йæхи цæттæ кæны Дзæуджыхъæуы.

"Ныхмæллæууæг тыхджын у, фæлæ мын ис хорз физикон цæттæдзинад æмæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ницы проблемæ сæвзæрдзæн", — загъта Асланбег.

Спортсмены тренер Сланты Виталий дӕр Sputnik уацхæссæгимæ ныхасы банысан кодта, кæй йæ уырны Асланбеджы уæлахиз.

"Аслан хъуамæ йæхи хорз равдиса. Æз дзы стыр ныфс æвæрын", — загъта уый.

27-аздзыд Козаты Асланбег профессионалон рингмӕ рахызт 2008 азы. Ауагъта 26 тохы, 24 дзы рамбылдта, уый нымæцы авд нокаутæй. Иу аз æмæ æрдæг Асланбег нæ рахызт рингмæ, фарон ноябры онг. Уæд уый фембылд украинæйаг боксер Тарас Шелестюкæн.

Ацы аз Аслан рахызт рингмæ æмæ фæуæлахиз французаг спортсмен Реналдо Гарридайыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0