Бикойты Вадим ссис хъӕбысхӕстӕй Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕлахиздзау

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы уӕлахизы фӕрцы ныр Бикойты Вадим хайад райсдзӕн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уӕрӕсейы фыццагады.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцӕг Бикойты Вадим бацахста фыццаг бынат Советон Цæдисы сгуыхт тренер Андиаты Сергейы номарæн турниры Дзӕуджыхъӕуы, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Коцты Тамерлан.

Турнир уагъд цыд ӕрыгӕтты ӕхсæн спорты галуан "Манеж"-ы. Ацы уӕлахизы фӕрцы ныр Бикойты Вадим хайад райсдзӕн уæгъдибар хъæбысхæстæй Уӕрӕсейы фыццагады.

"Вадим архайдта 60 кг уӕзы категорийы. Уыд ын цыппар тохы, алкӕцыйы дӕр сӕ фӕуӕлахиз ӕмӕ уый хыгъд рамбылдта сыгъзӕрин майдан", — загъта тренер.

Андиаты Сергей стыр хайбавӕрд бахаста Ирыстоны спорты рæзтмæ. 20 азы разамынд лæвæрдта Цӕгат Ирыстоны спортивон æхсæнад "Динамо"-йæн. Бирæ ахуырдзауты схъомыл кодта, уыдон ӕхсӕн йӕ кæстæр æфсымæр, олимпаг чемпион Сосланы дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0