Цхинвайлаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ тох кӕндзысты Цӕгат Иры ӕмбырдгондмӕ бахизыныл

© Sputnik / архивное фотоУӕгъдибар хъæбысхæст
Уӕгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тасойты Инал ӕмӕ Дзабиты Азӕмӕт 97 килограммы уӕзы кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ гӕнӕн ис ӕмӕ бахъӕуа кӕрӕдзи ныхмӕ тох кӕнын дӕр.

ЦХИНВАЛ, 18 янв — Sputnik. Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ Тасойты Инал ӕмӕ Дзабиты Азӕмӕт хайад райсдзысты Цӕгат Ирыстоны чемпионаты хистӕр кары фӕсивӕды ‘хсӕн, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Коцты Тамерлан.

Чемпионаты ӕнтыстджындӕр спортсментӕ бацӕудзысты Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонд командӕйы скондмӕ ӕмӕ хъахъхъӕндзысты республикӕйы спортивон кад бӕрзонддӕр ӕмвӕзады турнирты.

"Ерыстӕ цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы. Ныридӕгӕн спортсментӕ ӕрӕмбырд сты, цыппӕрӕмы сын сбӕлвырд кӕндзысты сӕ уӕзы категоритӕ. Тасойты Инал ӕмӕ Дзабиты Азӕмӕт 97 килограммы уӕзы кӕй архайынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ гӕнӕн ис ӕмӕ бахъӕуа кӕрӕдзи ныхмӕ тох кӕнын дӕр", — загъта тренер.

Цӕгат Ирыстоны чемпионат уӕгъдибар хъæбысхæстӕй цӕудзӕн 19-20 февралы Октябрьскийы спортивон-хосгӕнӕн комплексы.

Ног хабӕртты лентӕ
0