Чсиаты Рустам: ныхмӕлӕууӕг ӕнхъӕл нӕ уыд, кӕй йыл фӕуӕлахиз уыдзӕн

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæРинг
Ринг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон грэпплер Дзӕуджыхъӕуы цӕуӕг ӕмхӕццӕ ныхмӕлӕудты фӕдыл профессионалон турнир (ММА) райдыдта уӕлахизӕй.

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik, Сабеты Аланӕ. Цӕгат Ирыстоны фыццаг хатт уагъд ӕрцыд Уӕрӕсейы ММА-промоушентӕй иу —АСВ (Absolute Championship Berkut) турнир. Ӕдӕппӕт ацы изӕр рингмӕ рахызтысты 13 къай спортсментӕ ӕппӕт Уӕрӕсейӕ. Ирыстоны кад цы фондз спортсмены хъахъхъӕдтой, уыдонӕй ӕртӕйы къухты бафтыд уӕлахиз.

Изӕры сӕйраг ныхмӕлӕуд 84 кг уӕзы категорийы Уӕрӕсейы иууыл титулджындӕр грэпплер Чсиаты Рустам фембӕлд белоруссаг Игорь Литошикимӕ, кӕцы хъахъхъӕдта уӕрӕсейаг столицӕйы кад.

Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта 50 спортсмены

Ирон хӕцӕг разынд тыхджындӕр ӕмӕ фӕуӕлахиз техникон нокауты руаджы. Ныхмӕлӕуды фӕстӕ Игорь Литошик ӕрцыд госпитализаци.

"Мӕ ныхмӕлӕууӕг ӕнхъӕл нӕ уыд, мӕ бон кӕй суыдзӕн уымӕн "стойкӕйы" ныхмӕ фӕлӕууын — уымӕн ис фылдӕр фӕлтӕрддзинад. Игорь ӕнхъӕлмӕ каст партеры фӕуӕлахиз уӕвынмӕ. Фӕлӕ мӕнӕн мӕ нысан уыд "стойкӕйы" рамбулын!", — загъта Чсиаты Рустам.

Чсиаты Рустам фӕнд кӕны тренировкӕтӕ адарддӕр кӕнын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнхъарӕнтӕм. Уый ма фӕнд кӕны йӕ спортивон карьерӕ грэпплингы дӕр адарддӕр кӕнын.

"2017 азы мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы балцӕг ADCC дунейы чемпионатмӕ", — загъта уый.

Спортсмен ма банысан кодта залы хъарм ахаст. Рингмӕ Рустам рахызт зынгӕ ирон богал Къудухты Бесикы къамимӕ футболкӕйы.

"Уый уыд алкӕймӕй хуыздӕр спорты дӕр ӕмӕ царды дӕр. Йӕ ном ӕнустӕм цӕрдзӕн Ирыстоны алы цӕрӕджы зӕрдӕйы дӕр!", — бафтыдта ирон хӕцӕг.

Турнир уагъд хъуамӕ ӕрцыдаид Пятигорскы, фӕлӕ къуыри раздӕр ACB лигӕйы минӕвӕрттӕ бахатыдысты клуб CAMARAO — BJJ & MMA-йы хицӕуттӕй иу — Гӕззаты Давидмӕ, ерыстӕ Дзӕуджыхъӕуы ауадзыны куырдиатимӕ.

Цхинвайлаг ӕрыгон боксертӕ ӕрхастой ӕртӕ сыгъзӕрин майданы Цӕгат Кавказы турнирӕй

"Мур дӕр нӕ дызӕрдыг кодтон, алцыппӕт дӕр кӕй хъӕуы саразын, цӕмӕй ацы шоу уагъд ӕрцӕуа Ирыстоны. Алцыдӕр нын бантыст. Ныр нӕ разы исегъау перспективӕтӕ", — загъта Гӕззаты Давид.

Гӕззаты Давид банысан кодта, Ирыстоны спорты райрӕзт кӕй у иууыл нысаниуӕгджын приоритеттӕй иу, ахӕм ӕмвӕзады турниртӕ та сты ахъаз ӕрмӕст ӕмхӕццӕ ныхмӕлӕудты нӕ, фӕлӕ ма иумӕйагӕй физикон культурӕйы популяризацийӕн.

Турнир уагъд ӕрцыд спорты республикон галуан "Манеж"-ы. Билет уыд ӕнӕаргъӕй. Комкоммӕ транляцийӕн бакӕсӕн уыд телеканалтыл: Матч Боец, Боец ТВ, афтӕ ма ACB-ы Официалон YouTube каналыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0