Хуссар Ирыстоны фыццагады сӕ тыхтӕ бавзардзысты 100 боксеры

© Sputnik / Плиты ФатимаБоксы турнир Цхинвалы
Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры архайдзысты республикæйы боксы цыппар скъолайы хъомылгæнинæгтæ

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг æрыгон боксертæ 30-31 марты спортивон галуан "Олимп"-ы стох кæндзысты республикæйы фыццагады призтыл. Ерысты фæстиуæгæн фидар æрцæудзæн Хуссар Иры æмбырдгонд командӕ боксæй, фехъусын кодта Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты минӕвар Бестауты Чермен.

Вадим Кочиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг боксер Коцты Вадим ссис "Юность России"-йы уæлахиздзау

"Республикæйы фыццагады стох кæндзысты 100 спортсмены онг. Архайдзысты дзы республикæйы боксы цыппар скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Цыппар хицæн кары боксертæ дих уыдзысты 41 уæзы категорийыл", — радзырдта Бестауты Чермен.

Æртыццæджы, банысан кодта уый, спортсментæн ацæудзæн барыны церемони.

Республикæйы фыццагад уагъд цæуы фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты хъæппæрисæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0