Хуссар Иры æрыгон шахматисттæ фæуæлахиз сты Дзæуджыхъæуы турниры

© Sputnik / Наталья АйриянШахматист Ирбег Тибилов
Шахматист Ирбег Тибилов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æртæ шахматисты æрцахстой призон бынæттæ турнир "Дзæуджыхъæуккаг уалдзæджы".

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Цхинвайлаг гимнази "Альбион"-ы ахуырдзаутæ æрцахстой призон бынæттæ шахматон турнир "Дзæуджыхъæуккаг уалдзæджы", фехъусын кодта Sputnik скъолайы ахуырады хайады гæс Плиты Дзерассæ.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

"Альбионы" ахуырдзаутæй æртæ бацахстой турниры призон бынæттæ. Махæн æхсызгон у, шахмæттæ æмæ шашкæты скъолайон турнир кæй у популярон ахуыргæнинæгты æхсæн, кæцытæй бирæтæн ис стыр æнтыстытæ ацы спорты хуызы", — банысан кодта ахуырады хайады гæс.

Уæлахиздзаутæ иууылдæр се 'нтыстытыл дзырдтой тынг æфсæрмыгæнгæйæ. Ӕвдæм къласы ахуыргæнинаг Кокойты Мария рарагом кодта, кæй тыхст, уымæн æмæ уый фыццаг хатт иста хайад республикæйæн æддейæ турниры.

"Чысыл тыхстæн фыццаг дыууæ бон, стæй мын фенцондæр ис. Ӕз фыццаг хатт истон хайад республикæйæн æддейæ турниры. Ныхмæлæуджытæ уыдысты тыхджын, иууылдæр хорз зыдтой шахмæттæй хъазын. Уымæ æнæкæсгæйæ мын бантыст дыккаг бынат бацахсын", — банысан кодта шахматист.

Турниры уæлахиздзау, шахмæттæй дыккаг рæнхъы хицау Валерий Халин дæр радзырдта йе 'нкъарæнты тыххæй турниры æмæ радта цалдæр уынаффæйы æрыгон шахматисттæн.

© Sputnik / Наталья АйриянХалины грамотæ
Шахматист Валерий Халин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Халины грамотæ

Курдиатджын шахматисты ныхæстæм гæсгæ, фæлтæрддзинад æмæ практикæмæ æнæкæсгæйæ, уымæн бантыст бацахсын призон бынат практикæ æмæ систематикон тренировкæты фæрцы.

"Турниры хайад райстой тыхджын хъазджытæ, æмбæлон ныхмæлæуджытæ. Шахмæтты спорты бæрзæндтæ басæттыны тыххæй æрмæст чингуытæ кæсын нæ хъæуы, фæлæ ма иудадзыг практикæ кæнын, арæхдæр хъазын. Шахмæттæй хъазын æхсæз азы, тынг уарзын хъазын æмæ адарддæр кæндзæн мæ уарзон хъуыддаг", — банысан кодта шахматист.

Ӕрыгон хъазæг загътой бузныг турниры организатортæ, скъолайы ахуыргæнæг æмæ къухдариуæгадæн турниры хайад райсыны фадаты тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0