Ногӕй та уӕлахиз: фондз сыгъзӕрины ӕрхастой ирон боксертӕ Минводы турнирӕй

© Sputnik / Плиты ФатимаБоксы турнир Цхинвалы
Боксы турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æмсæр ныхмæлæууæг нæ разынд Бабаты Станислав, Багаты Марат, Гæджиты Гурам, Мæргъиты Игорь æмæ Къæбысты Георгийæн

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг æрыгон боксертæ æрхастой фондз сыгъзæрин майданы Минводы турнирæй. Уæлахиздзаутæй æрыздæхтысты Бабаты Станислав, Багаты Марат, Гæджиты Гурам, Мæргъиты Игорь æмæ Къæбысты Георгий, фехъусын кодта Sputnik боксы спорты мастер, тренер Дзигойты Ацæмæз.

Победители соревнования Юность России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ цхинвайлаг боксеры "Юность России"-йӕ ӕрхастой фыццаг бынӕттӕ

"Ерысты архайдтой æрыгон боксертæ Кавказы бирæ республикæтæй, аккагӕй равдыстой сæхи нæ хъомылгæнинæгтæ дӕр. Ерысты фæстиуæгæн фондзæй растой фыццаг бынæттæ. Мæ хъомылгæнинæгтӕй ерысты архайдтой цыппарæй æмæ иууылдæр ссисты уæлахидзаутæ, тренер Чехойты Аланы боксер дæр ссис чемпион", — радзырдта Дзигойты Ацæмæз.

Уый ма банысан кодта, ноджы ма дыууӕ хуссарирыстойнаг боксеры — Коцты Артур æмæ Ӕлборты Владимир та кӕй ссисты турниры æвзист призертæ.

Хуссар Ирыстонæй турниры архайдтой тренертæ Дзигойты Ацæмæз, Чехойты Алан æмæ Куымæридтаты Родионы хъомылгæнинæгтæ. Ерыстæ цыдысты 2005- 2006 æзты гуырд спортсменты хсæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0