Тедеты Дзамболат æмæ Мæргъиты Анатолийӕн Путин радта УФ паддзахадон хорзæхтæ

© Sputnik / Алексей КовалевНаграждение Рамонов Южная Осетия
Награждение Рамонов Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Владимир Путин бафыста барамынд Уæрæсейы алы къабӕзты къорд специалистæн паддзахадон хорзæхтæ раттыны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Номдзыд ирон тренертæ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Тедеты Дзамболат æмæ Мæргъиты Анатолий Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамындæй хорзæхджын æрцыдысты УФ паддзахадон хорзæхтæй, хъусын кæны WRESTRUS.RU.

Президент Владимир Путин бафыста барамынд Уæрæсейы алы къабӕзты къорд специалистæн паддзахадон хорзæхтæ раттыны фæдыл. Ордентæ æмæ майданты хицау бауыдзысты аивады архайджытæ, ахуыргæндтæ, хъæууон хæдзарады кусджытæ æмæ спортсментæ, се хсӕн ирыстойнаг тренертӕ дӕр.

"Орден "За заслуги перед Отечеством"-ы дыккаг къæпхæны майданæй хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæсты сæйраг тренер Тедеты Дзамболат", — дзырдæуы хъусинаджы.

Кады грамотæ æмæ бузынджы фыстæг Уæрæсейы президентæй та райста нæ аннæ номдзыд æмбæстаг, ӔЦСК сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Мæргъиты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0