Цхинвайлаг боксертӕ Кокойты Хетæг æмæ Ӕлборты Сослан рамбылдтой "Хæстон æрмкъухтæ" Ростовы

Ирон боксертӕ
Ирон боксертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксерты архайдмæ фау æрхæссæн нæй, цы тохты фембылд сты, уым дæр уыдысты зына нæ зына лæмæгъдæр, банысан кодта сӕ тренер

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæ Кокойты Хетæг æмæ Ӕлборты Сослан ссисты Ростовы уагъд цæуæг турнир "Боевые перчатки"-йы уæлахиздзаутæ, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Куымæридтаты Родион.

"Цыппар лæппуйы акодтам турнирмæ, уыдонæй Ӕлборты Сослан расгуыхт 46 кг уæзы, Кокойты Хетæг та — 72 кг, дыууæтæ дæр ссисты уæлахиздзаутæ. Аль-дамари Алан та бацахста дыккаг бынат. Нæ боксерты архайдмæ фау æрхæссæн нæй, цы тохты фембылд сты, уым дæр уыдысты зына нæ зына лæмæгъдæр", — банысан кодта Куымæридтаты Родион.

Уый ма бафтыдта, сæ аннæ хъомылгæнинаг Джиоты Арсен та Алагиры уагъд цæуæг турниры радон хатт кӕй рамбылдта сыгъзæрин майдан.

Ирон боксертӕ
Ирон боксертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон боксертӕ

Сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы тренертæ Плиты Азæмæт, Кокойты Мурат æмæ Куымæридтаты Родионы къухдариуӕгадæй скъолайы ныридæгæн цæуынц тренировкæтæ, кӕцыты фæстиуæгæн раразмæ кæндзысты радон турниры архайджыты. Ерыстæ цæудзысты 15 июны Кисловодскы.

Ног хабӕртты лентӕ
0