"IRON": Цхинвалы бакодтой Гасситы Мурӕты номыл фыццаг боксы клуб

© Sputnik / Наталья АйриянКлуб "Ирон"-ы баконд
Клуб Ирон-ы баконд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Номдзыд ирон боксер Гасситы Мурӕт рингмӕ рахизы "IRON" номимӕ. Чемпионы номыл хӕрзарӕзт хатӕны ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн цӕттӕ кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой ирон номдзыд боксер, IBF версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион Гасситы Мурӕты номыл боксы клуб "IRON". Хӕрзарӕзт хатӕны ис ӕппӕт уавӕртӕ дӕр сывӕллӕттӕ ӕмӕ фӕсивӕдӕн цӕттӕ кӕнынӕн.

Аукцион Мурата Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты дыууæ спортивон хæдоны балхæдтой Хуссар Иры боксы музейæн

Нырӕй фӕстӕмӕ хицӕн рӕстӕджыты ам кусдзысты тренертӕ Чехойты Алан, Плиты Азӕмӕт, Кокойты Мурат ӕмӕ Куымӕридтаты Родион сӕ хъомылгӕнинӕгтимӕ. Клуб "IRON" ссис Цхинвалы иууыл хӕрзвадатдӕр секцитӕй иу ӕмӕ дыккаг, кӕцыйы ис ринг.

Цытджын церемонимӕ ‘рбацыд президент Бибылты Анатолий, номдзыд боксер йӕхӕдӕг, йӕ тренертӕ Сланты Виталий ӕмӕ Тедеты Алик, ӕндӕр зындгонд боксертӕ, стӕй ма боксы йе ‘нтыстытӕ сфӕлхатт кӕнынмӕ цы фӕсивӕд бӕллы, уыдон.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ӕрымбырдуӕвджытӕн ацы цауы фӕдыл ӕмӕ бузныг загъта, клуб саразынмӕ йӕ къух чидӕриддӕр фӕкодта, ӕппӕт уыцы адӕмӕн.

Ног арӕзт хатӕны ринг фыццаг сфӕлвӕрдтой чысыл боксертӕ. Хуссар Ирыстоны сгуыхт тренер Сланты Виталийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, се хсӕн рахатӕн ис фидӕны ӕвзыгъд боксерты.

"Ныр дӕр рахатӕн ис фидӕны чемпионты. Спаррингтӕм бакастӕн ӕмӕ мыл хорз тӕлмӕнтӕ ныууагътой дыууӕ чысыл боксер Санахъоты Андрей ӕмӕ Къӕбысты Георгий, уыдонмӕ хорз фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы боксы, фидар сты тыхӕй ӕмӕ удыхъӕдӕй дӕр", — загъта зындгонд тренер.

Клубы тренертӕй иу, спорты мастер Чехойты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Ирыстоны ахӕм фадӕттӕ арӕзт кӕй цӕуынц рӕзгӕ фӕлтӕртӕн, кӕй сын ис, сӕхи кӕмӕ барой, ахӕм чемпионтӕ, уый у нӕ боксы фидар бындур.

Встреча Мурата Гассиева с болельщиками в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт: мæ уæлахизтæ иууылдæр нывонд кæнын Ирыстонæн

"Фыццаг хатт номдзыд чемпион Гасситы Мурӕты номыл клуб конд ӕрцыд ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр йе ‘ндыгъд графикы рахицӕн кодта рӕстӕг, цӕмӕй ӕрцӕуа Ирыстонмӕ, сӕрмагондӕй йӕ номыл фыццаг клубы ӕрбакӕнынмӕ", — загъта тренер.

Уый ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕт куы рамбылдта йӕ дунейы чемпионы титул, уӕд Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры сывӕллӕттӕ ныггуылф кодтой боксы секцитӕм.

Клуб "IRON" бакодтой Цхинвалы сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгӕтты спорты скъолайы бӕстыхайы ныккӕнды. Арӕзт ӕрцыд президент Бибылты Анатолийы ӕмӕ экс-президент Тыбылты Леониды финансон ӕххуысӕй. Арӕзтадыл куыстой тренертӕ сӕхӕдӕг ӕмӕ хъомылгӕнинӕгтӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0