Ирон богалтæ фæуæлахиз сты уæгъдибар хъæбысхæстæй турниры Сомихстоны

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæУæгъдибар хъæбысхæст
Уæгъдибар хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты фыццаг бон ирыстойнаг богалтæ рамбылдтой 1 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 2 бронзæ майданы

ЦХИНВАЛ, 9 окт — Sputnik. Степан Саркисяны призтыл уæгъдибар хъæбысхæстæй æхсæнадæмон турниры дыккаг боны фæстиуджытæм гæсгæ, 4 майданы рамбулгæйæ, ирон богалты къухты дарддæр дæр æфтынц призон бынæттæ, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы пресс-службæ. Ирон уæгъдибар хъæбысхæцджытæ ссисты 2 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 1 бронзæ майданы хицæуттæ.

Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты VIII фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кавказаг хъæзтыты уæлахиз Цæгат Ирыстонæн æрхаста 86 милуан сомы

86 кг уæзы категорийы стох кодтой дыууæ ирон богалы – Найфонты Артур æмæ Цæкулаты Батырбег, уæлахиздзау ссис Найфонты Артур.

Ноджы ма иу сыгъзæрин 70 кг уæзы категорийы Цæгат Ирыстоны командæйæн æрхаста Сидахъты Зауырбег. Уæззау уæзы богалты æхсæн та бронзæйон призер ссис Хынцæгты Сослан.

Турнир уагъд цыд Ванадзоры (Сомихстон). Ерысты фыццаг бон ирыстойнаг богалтæ рамбылдтой 1 сыгъзæрин, 1 æвзист æмæ 2 бронзæ майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0