Уæрæсейы æмбырдгонды нæ бауагътой Олимпиадæйы архайынмæ

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæОлимпиада-2018
Олимпиада-2018 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейаг спортсментæн бар ис ерысты архайын Ӕхсæнадæмон олимпиаг тырысайы бын

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Уæрæсейаг спортсментæ Пхенчханы уагъд цæуæг Хъæзтыты-2018 архайдзысты олимпаг тырысайы бын, дзырдæуы ӔОК сайты хъусинаджы.

"Ахæм уынаффæ рахастæуыд ӔОК æххæсткомы Лозаннæйы. Хъæзыты сæ бон у архайын "сыгъдæг" уæрæсейаг спортсментæн", — хъусын кæны Р-Спорт.

ӔОК ахæм уынаффæ рахаста дыууæ къамисы куыстыты бындурыл, уыдонæй иу – Денис Освальды сæргълæудæй ногæй сгæрста уæрæсейаг спортсменты допинг-пробæтæ Сочийы Олимпиадæйæ.

Член сборной России по греко-римской борьбе Хасан Бароев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕройты Хасанӕн байстой Олимпиадӕ – 2008 майдан

Дыккаг къамис Швейцарийы экс-президент Самуэль Шмиды сæргълæудæй сгæрста допингы ныхмæ системæйы гæнæнуæвгæ паддзахадон хайадист. Дыууæ къамис дæр сæ куыст радатой WADA сгæрсты фæстæ.

Уæрæсейаг фарс домдта, цæмæй допингæй цы спортсментæ не спайда кодтой, уыдонæн бар уа Олимпиадæйы архайын. Октябры Владимир Путин схуыдта бæстæйæн дæлдзиныг спортсменты аиуварс, науæд та нейтралон тырысайы бын архайыны уынаффæ.

2016 азы ӔОК ахæм фарстмæ æркаст, фæлæ уæд Олимпиадæмæ нæ бауагътой æрмæст дæр рог атлетикæйы æмбырдгонды, аннæ спортсментæ архайдтой Уæрæсейы тырысайы бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0