Хетӕгкаты Къостайы цыртыл сӕххӕст 75 азы

Рафыссын
Цхинвалы цӕрджытӕ радзырдтой Къостайы цырты истори ӕмӕ йын бакастысты йе ‘мдзӕвгӕтӕ

Ирон литературон ӕвзаджы бындурæвæрæг Хетӕгкаты Къостайы цырт Цхинвалы ӕвӕрд ӕрцыд
28 июлы 1940 азы. Рагӕй фӕстӕмӕ уый у горӕты фенддагдӕр ӕмӕ цӕрджыты уарзондӕр бынӕттӕй сӕ иу. Цырты цур изӕрыгӕтты ӕрӕмбырд вӕййы фӕсивӕд, ам уагъд фӕцӕуынц алыгъуызон культурон ӕмӕ хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ — концерттӕ ӕмӕ нывгӕнджыты равдысттӕ гом арвы бын.
Sputnik уацхӕссӕг раиртӕста, цӕрджытӕ зонынц ӕви нӕ зындгонд цыртдзӕвӕны истори ӕмӕ бахатыд цхинвайлӕгтӕм, цӕмӕй бакӕсой фыссӕджы сфӕлдыстадӕй цалдӕр рӕнхъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0