Цхинвалы цытджын ӕгъдауӕй хӕрдмӕ схӕцыдысты Паддзахадон тырысайыл

Рафыссын
Цхинвалы централон фæзуаты уагъд æрцыд республикæйы паддзахаддзинады символыл – тырысайыл - хæрдмæ схæцыны цытджын церемони.

Националон тырыса барабаны цагъдимæ бахастой кадджын хъарагъулы ротæйы æфсæддонтæ националон дарæсы. Уыдон хæрдмæ схæцыдысты тырысайыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон гимны зæлтæм.

Паддзахадон тырысайы бон фыццаг хатт нæ республикæйы банысан кодтой 2013 азы.

Церемони фæцис кадджын хъарагъулы ротæйы цытджын маршæй, уый фæстæ фæзуаты кафты сæ арæхстдзинад равдыстой скъоладзаутæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0