Путин бавдыста Думӕмӕ законопроект РХИ-имӕ интеграцион бадзырд сратификаци кӕныны тыххӕй

© Sputnik / Владимир Федоренко /  Ахизын медиабанкмæПутин бавдыста Думӕмӕ законопроект РХИ-имӕ интеграцион бадзырд сратификации кӕныны тыххӕй
Путин бавдыста Думӕмӕ законопроект РХИ-имӕ интеграцион бадзырд сратификации кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент документмӕ ӕркӕсыны тыххӕй закондӕттӕг органы йӕ минӕварӕй снысан кодта фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Григорий Карасины.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин бавдыста Паддзахадон думӕмӕ законопроект Хуссар Ирыстонимӕ ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд сратификации кӕныны тыххӕй.

"Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн 18 марты 2015 азы цы ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцион бадзырд бафыстӕуыд, уый ӕрцӕуӕт ратификацигонд", — дзырдӕуы законопроекты тексты.

Ацы документмӕ ӕркӕсыны фӕдыл президент закондӕттӕг органы йӕ минӕварӕй снысан кодта фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Григорий Карасины.

Законопроекты ӕмбарынгӕнӕн фыстӕджы дзырдӕуы, бадзырды фӕлгӕтты кӕй фӕарфдӕр уыдзӕн дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн ӕмгуыстад социалон, экономикон ӕмӕ гуманитарион фадгуыты, афтӕ ма хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады фадыджы дӕр.

Ӕмбарынгӕнӕн фыстӕджы ма дзырд цӕуы, бадзырд ӕппӕтфарсонӕй дӕр кӕй дзуапп кӕны Уӕрӕсейы интерестӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0