Мӕскуыйы хӕрзбон зӕгъынц Евгений Примаковӕн

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйы хӕрзбон зӕгъынц Евгений Примаковӕн
Мӕскуыйы хӕрзбон зӕгъынц Евгений Примаковӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Евгений Примаковӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты йе ‘ввахс адӕм, йе ‘мгӕрттӕ ӕмӕ ӕмкусджытӕ. Бавӕрдзысты йӕ къуырисӕры Мӕскуыйы.

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы хицауады раздӕры сӕрдаримӕ фӕстаг хӕрзбоны мадзӕлттӕ цӕуынц Мӕскуыйы Цӕдисты хӕдзары, хъусын кӕны РИА Новости.

Зынгӕ политик, Уӕрӕсейы хӕдбар политикӕйы автор йӕ цардӕй ахицӕн 86 азы кары.

Евгений Примаковы бавӕрдзысты къуырисӕры, политикы ӕнусон бынатмӕ фӕндараст кӕндзысты Новодевичьийы моладзандоны Мӕскуы ӕмӕ Ӕппӕтуӕрӕсейы патриарх Кириллы хайадистӕй.

Майрӕмбоны уӕрӕсейаг политик Евгений Примаковы хиуӕттӕм тӕфӕрфӕсы тел арвыста Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.

Евгений Максимы фырт Примаков райгуырд 1929 азы 29 октябры. Хицӕн ӕзты къухдариуӕгад кодта УФ фӕсайрӕйнаг хъуыддӕгты министрад ӕмӕ хицауадӕн.

Хицауады сӕрдарӕй кусгӕйӕ йӕ иууыл ирддӕр къахдзӕфыл нымад цӕуы Америкӕйы иугонд штаттӕм йӕ балц кӕй аивта. 24 марты 1999 азы Евгений Примаков Вашингтонмӕ тӕхгӕйӕ, куы базыдта НАТО Югославийы хӕстон архайдтытӕ райдыта, уӕд йӕ хӕдтӕхӕг уӕлдӕфон тыгъдады разилын кодта ӕмӕ ӕрыздӕхт Мӕскуымӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0