Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы мӕты ‘фтауы Гуырдзыстоны ӕнгомдзинад НАТОимӕ

© FlickrЖенева
Женева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстон ӕмӕ НАТО-йы дарддӕры интеграцийы нывӕзтытӕ тӕссагдзинад ӕвзарын кӕны Хуссар Кавказы ӕдасдзинадӕн, дзырдӕуы УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл министрады хъусинаджы.

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik. НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕмахастытӕ фенгомдӕр кӕныны хъуыддаг тӕссаг у Хуссар Кавказы стабилондзинадӕн. Уӕрӕсе, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстон Женевӕйы цӕуӕг ӕдасдзинады фӕдыл дискусситы равдыстой зӕрдӕхсайд Гуырдзыстон ӕмӕ НАТО-йы феввахсдӕр кӕныны нывӕзтытимӕ, дзырдӕуы УФ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусинаджы.

Женевӕйы кӕронмӕ бахӕццӕ ис Фӕскавказы фӕдыл дискусситы 32-ӕм раунд.

"Абхаз, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы равдыстой зӕрдӕхсайд Гуырдзыстоны фӕндтӕ НАТО-имӕ феввахсдӕр кӕныны тыххӕй. Банысан кодтой, ацы фадыджы къахдзӕфтӕ тӕссаг кӕй сты Хуссар Кавказы ӕдасдзинадӕн ӕмӕ ныхмӕ кӕй лӕууынц 2008 азы августы Женеваг дискусситы бадзырдтӕн", — дзырдӕуы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусинаджы.

Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад банысан кодта, уӕлдай тӕссагдзинад кӕй ӕвзӕрын кӕнынц НАТО-йы фӕндтӕ быдырон инфраструктурӕ саразын ӕмӕ Гуырдзыстоны территорийыл регулярон ӕфсӕддон ахуыртӕ уадзыны тыххӕй.

Раздӕры ахуыртӕ америкайаг ӕфсад ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕимӕ уагъд цыдысты Хуссар Ирыстоны арӕнмӕ ӕввахс.

НАТО ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕмгуыстад райдыдта 1994 азы, фӕлӕ активон фазӕйы бацыд 2004 азы, хицауады сӕргъ Михаил Саакашвили куы ‘рлӕууыд, уӕд.

Женевӕйы дискусситӕ уагъд цӕуынц 2008 азы октябрӕй Уӕрӕсе ӕмӕ Францы президентты бадзырдтӕм гӕсгӕ. Уыдоны ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0