Венесуэлӕйы минӕварӕн УФ-йы радтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕх

Венесуэлӕйы минӕварӕн УФ-йы радтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕх
Венесуэлӕйы минӕварӕн УФ-йы радтой Хуссар Иры паддзахадон хорзӕх - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон ӕмӕ Венесуэлӕйы ӕхсӕн хӕларадон ӕмӕ ӕмуддзинады ахастытӕ дарддӕр дӕр рӕздзысты ӕмӕ фидар кӕндзысты, банысан кодта Гасситы Знауыр.

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр фӕхӕццӕ кодта Венесуэлӕйы минӕвар УФ-йы Хуан Висенте Паредес Торреальбайайӕн майдан "Хуссар Ирыстоныл 25 азы сӕххӕсты сӕраппонд", фехъусын кодтой Sputnik РХИ минӕварады.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзӕх венесэлӕйан минӕварӕн лӕвӕрд ӕрцыд президент Тыбылты Леониды уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Фембӕлд ацыд Мӕскуыйы, Боливариайнаг Республикӕ Венесуэлӕйы дипмиссийы.

"Гасситы Знауыр банысан кодта, дыууӕ бӕстӕйы хӕларадон ахастытӕ, кӕцытӕ ӕнцой кӕнынц иумӕйаг интерестыл, дарддӕр дӕр кӕй рӕздзысты ӕмӕ фидар кӕндзысты", — фехъусын кодтой минӕварады пресс-службӕйы.

Хуан Висенте Паредес дӕр банысан кодта, бирӕ азты дӕргъы хӕлардзинад дарддӕр дӕр кӕй ӕвӕрдзӕн бындур венесуэлӕйаг-хуссарирыстойнаг ахастытӕн ӕмӕ ахъаз уыдзӕн дыууӕ бӕстӕйы ӕмгуыстадӕн.

Боливариайнаг Республикӕ Венесуэлӕ Хуссар ирыстоны хӕдбардзинад банымадта 2009 азы, Уӕрӕсе ӕмӕ Никарагуайы фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0