УФ-йы сенат сратификаци кодта Хуссар Иримæ бадзырд азымгонд адæмы раттыны тыххæй

© Sputnik / Валерий Мельников /  Ахизын медиабанкмæУФ Федерацийы Советы рабадт
УФ Федерацийы Советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырдмæ гæсгæ, фарсытæ кæрæдзийæн хъуамæ дæттой азымгонд адæмы, цæмæй сæ ахæсты æмгъуыд æрвитой, цы бæстæйы æмбæстæгтæ сты, уый территорийыл.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы Совет майрæмбоны сратификаци кодта УФ æмæ РХИ æхсæн бадзырд азымгонд адæм раттыны тыххæй, кæцытæн рахастæуыд тæрхон ахæстоны фæбадын, хъусын кæны РИА Новости.

Документ бафыст æрцыд 2014 азы 14 октябры уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг æмгуыстады æхсæнадæмон-барадон базæйы райрæзты нысанæн.

Бадзырдмæ гæсгæ бæлвырд цæуы азымгонд адæмы раттыны домæнтæ сæххæст кæныны уагæвæрд.

Бадзырд ма хынцы адæймаг æмæ æмбæстаджы сæрибардзинад æмæ бындурон бартæ. Иу ныхасæй, гоймаг, кæцы йæ фыдракæндты тыххæй æфхæрд баййæфта иу республикæйы, дарддæр уыцы фыдракæндты фæдыл уголовон фæлыдзуйæ аннӕ республикӕйы æрцæудзӕн сæрибар.

Ног хабӕртты лентӕ
0