Уӕрӕсейы иууыл зынаргъдӕр хӕдзар уӕй кӕнынц 4,8 млрд сомӕй

© Sputnik / Александр Саверкин /  Ахизын медиабанкмæЭлитный поселок "Остров фантазий" под угрозой сноса
Элитный поселок Остров фантазий под угрозой сноса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг цӕрӕнуаты астӕуккаг аргъ у 5, 4 млн сомы, уымӕ гӕсгӕ иууыл зынаргъдӕр уӕййаг хӕдзары аргъ у 900 хатты фылдӕр.

ЦХИНВАЛ, 17 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы иууыл зынаргъдӕр хӕдзар уӕй кӕнынц 4,8 млрд сомӕй, уый ис Мӕскуыйы цур элитон поселок "Сколково"-йы, хъусын кӕны РИА Новости портал Mirkvartir.ru пресс-релизы бӕрӕггӕнӕнтӕ.

"Mirkvartir.ru-йы базӕйы иууыл зынаргъдӕр цӕрӕнуаты аргъ у 4, 8 млрд сомы", — дзырдӕуы уым.

Уый у 2, 3 гектар зӕххыл 2,57 мин квадратон метры бӕрц резиденци классикон стилы. Хӕдзары ис хицӕн цӕрӕн блок персоналӕн хицӕн бахизӕнимӕ: дыууӕ хатӕны санитарон хызӕгтимӕ, къӕбиц ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Хӕдзары цур цӕуы цӕугӕдон.

Уӕрӕсейаг цӕрӕнуаты астӕуккаг аргъ у 5, 4 млн сомы, уымӕ гӕсгӕ иууыл зынаргъдӕр уӕййаг хӕдзар у 900 хатты зынаргъдӕр бӕстӕйы ӕмӕ 220 хатты фылдӕр Мӕскуыйы областы ӕргътимӕ абаргӕйӕ, дзырдӕуы ӕрмӕджыты.

Уым ма нысан цӕуы, ацы хӕдзар фыццаг аз кӕй нӕ цӕуы уӕй. Ныры конъюктурӕйы ацы аргъыл ӕлхӕнӕджы ссарын ӕнцон нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0