Бибылты Анатолий: Хуссар Ир хъынцъым кæны Мæскуыйы тыхдымгæйы амæттæгтыл

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæПоследствия урагана в Москве
Последствия урагана в Москве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны стыр хъыгимæ сæмбæлдысты Мæскуы æмæ областы ураганы фæстиуæгæн адæмы зиæнтты уæззау хабарыл, дзырдæуы Бибылты Анатолийы тæфæрфæсы телы йæ уæрæсейаг коллегæмæ

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий арвыста тæфæрфæсы тел Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы æрцæугæ трагедийы фæдыл.

"Стыр хъыгимæ республикæ Хуссар Ирыстоны сæмбæлдысты трагедийы уæззау хабарыл, кæцы æрцыд Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы æмæ ахаста адæмы цæрдтæ. Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад, адæм æмæ сæрмагондæй мæхи номæй кæнын тæфæрфæс зианджын бинонтæ æмæ хиуæттæн, æбуалгъ трагедийы зианбаййафджытæн та нæ фæнды зæгъын, цæмæй тагъддæр сæнæниз уой", — хъусын кæны Бибылты Анатолийы ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Тыхдымгæ тæрккъæвдаимæ, кæцы хицауиуæг кодат Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы къуырисæры, ахаста столицæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты пресс-службæйы зонæнтæм гæсгæ, 11 адæймаджы цард æмæ æрхаста егъау зиæнттæ регионæн: мингай фæлдæхт бæлæстæ, ныппырхгонд машинæтæ, æхсæнадон транспорты куысты къуыхцытæ. Госпитализацигонд æрцыдысты 150 адæймаджы, кæцытæй 108 нырма сты рынчындæтты, уыдонæй 22 сты сывæллæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0