Абхазы æрцахстой уæрæсейаг туристы амарыны азымгæндты

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæАбхазы æрцахстой уæрæсейаг туристы амарыны азымгæндты
Абхазы æрцахстой уæрæсейаг туристы амарыны азымгæндты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыдракæнд арæзт æрцыд 11 июлы, дыууæ æбæрæг гоймаджы хæцæнгарзимæ сарæзтой балæбурд мæскуыйаг улæфджыты къордмæ, æмæ дзы иуы амардтой

ЦХИНВАЛ, 17 июл — Sputnik. Абхазаг тыхон структурæтæ æрцахстой республикæйы Гудаутаг районы уæрæсейаг туристтæм балæбурды æмæ Уæрæсейы æмбæстаг Андрей Кабановы амарыны азымгæндты, хъусын кæны Sputnik Абхаз.

"Азымгонд бакондæуыд Абхазы слестгæнæн изолятормæ, йæ ном фæдагуырды ахсджиагдзинады тыххæй раргомгонд нæ цæуы", — хъусын кæны агентад Абхазы паддзахадон æдасдзинады службæйы хъусынгæнинаг.

Амæй размæ, 13 июлы, республикæйы генпрокуратурæ фехъусын кодта, азымгæндтæй кæй æрцахстой иуы.

Фыдгæнджытæ маскæты æмæ хæцæнгарзимæ сарæзтой балæбурд уæрæсейаг туристтæм 11 июлы. Фыдракæнды фæстиуæгæн турист Андрей Кабанов райста карды цæфтæ, кæцытæй фæстæдæр амард.

Фæмардуæвæг Андрей Кабановимæ уыдысты йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ сывæллоны, афтæ ма Чижиковты бинонтæ — ныййарджытæ сæ дыууæ сывæллонимæ.

Фыдгæнджытæ адавтой Кабанов æмæ Чижиковты æмкъæйтты æмæ сывæллæтты. Оперативон мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн уыдон сæрибаргонд æрцыдысты.

Гудауты районы прокуратурæ бакодта ацы цауы фæдыл уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0