Абхазы ссардтой уæрæсейаг туристы мард буар

© Sputnik / Алексей Бушкин /  Ахизын медиабанкмæАбхазы хæхтæ
Абхазы хæхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы хæхты цы мард буар ссардтой, уый гæнæн ис æмæ у июлы фæсæфæг уæрæсейаг турист, хъусын кæны Абхазы УУМ

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Абхазы хæхты ссардæуыд æбæрæг мард буар, кæцы гæнæн ис æмæ уа фесæфæг турист Андрей Лихачев, хъусын кæны Sputnik Абхаз. Мард буар ссардтой Уæллаг Келасуры фæндагæй цыппар километры дæрддзæф.

МЧС Абхазии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейаг турист фесæфт Абхазы: куыд цæуы йæ агуырд

Мард буар кæй ис гæнæн æмæ уа ацы сæрды фесæфæг турист, уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы уæлвæткон уавæрты министр Лев Квициния.

"Махæн нырма нæу нæ бон фидарæй зæгъын, кæй мард буард ссардтам æмæ йæ амæлæты аххосæг, фæлæ нæ зæрдæ æхсайы уый кæй у Андрей Лихачев", — загъта уый.

Мард буары хæйттæ фæхæццæ кодтой Сухуммæ генетикон экспертизæ ауадзыны тыххæй.

Ирвæзынгæнджыты ныхæстæм гæсгæ, мард буары хæйттæ афтæ тынг бамбыдысты æмæ æнæ генетикон экспертизæйæ нæй гæнæн базонын, кæй сты.

Андрей Лихачев Абхазмæ ныццыд 9 июлы. Лихачев цы маршрутыл хъуамæ ацыдаид, уый дæргъ уыд 150 километры. Республикæйы УУМ райдыдта уæрæсейаг туристы агуырдмæ 26 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0