Путин схорзӕхджын кодта Тотоонты Александры

© архивное фотоСенатор Александр Тотоонов
Сенатор Александр Тотоонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстонӕй Уӕрӕсейы Федерацийы Советы раздӕры уӕнг бацис бӕрзонд паддзахадон хорзӕхы хицау

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Тотоонты Александрӕн II къӕпхӕны орден "За заслуги перед Отечеством"-ы майдан радтыны фӕдыл барамынд бафыста Уӕрӕсейы президент Владимир Путин. Хорзӕх лӕвӕрд ӕрцыд Уӕрӕсейы паддзахад фидар кӕныны хуыддаджы йӕ сгуыхтдзинӕдты ӕмӕ йӕ намысджын куысты тыххӕй.

Хекъилаты бинонтæ Тотоонты Александримæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тотоонты Александр йæ мыздæй рахицæн кæндзæн стипенди Хекъилаты Денизайæн

Тотоонты Александр бирӕ ӕзты дӕргъы ӕххуыс кодта сывӕллӕтты хӕдзӕрдтӕн Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны, стӕй ма Беслӕны теракты бахауӕг сывӕллӕттӕн ӕмӕ Хуссар Иры цӕрджытӕн 2008 азы хӕсты фӕстӕ.

Уый куыста Цӕгат Ирыстоны комсомолон, партион ӕмӕ советон органты. 2012 азы ссис Советы Федерацийы сенатор республикӕ Цӕгат Ирыстонӕй. Федерацийы Советы ӕмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты ӕмгуыстады къамиссы сӕргъ лӕууыд.

Тотоонты Александр у Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат, Уӕрӕсейы адӕмты Ассамблейы сӕрдары хӕдивӕг, афтӕ ма у Евразийы адӕмты Ассамблейы уӕнг.

Ног хабӕртты лентӕ
0