Спорты бӕрзӕндтӕм тырнгӕйӕ

© Sputnik / Руслан ТадтатыСпортивон скъола Цхинвалы
Спортивон скъола Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстон алыхатт дӕр хъӕзныг уыд номдзыд спортсментӕй, чысыл адӕмыхатты минӕвӕрттӕн-иу бирӕ хӕттыты дунейы аккаг ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд. Ӕмӕ ныр дӕр, олимпиаг майдантӕм бӕлгӕйӕ, ӕрыгон спортсментӕ ӕрвылбон цадӕггай амайынц фӕндаг сӕ бӕллицмӕ Цхинвалы спорты скъолайы. Sputnik уацхӕссӕг бабӕрӕг кодта, цы уавӕрты архайынц ацы бӕстыхайы фӕсивӕд.

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты республикон комплексон спортивон скъола рауӕрӕх кодта йӕ секциты нымӕц. Ныртӕккӕ скъолайы уӕвынад кӕны 13 секцийы, ам ӕрвылбон сывӕллӕттӕ фидар кӕнынц сӕ физикон цӕттӕдзинад, ӕвзонг лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ бӕллынц сӕ номдзыд ирон спортсменты хъысмӕт сфӕлхатт кӕнынмӕ ӕмӕ олимпион пьедесталмӕ схизынмӕ.

Сывӕллӕтты республикон комплексон спортивон скъола Цхинвалы йӕ куыст райдыдта ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм ӕзты кӕрон. Бӕстыхай ныр ӕртын азы дӕргъы иу хатт дӕр не ‘рцыд капиталон цалцӕг, нӕй дзы аккаг уавӕртӕ. Фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, спортскъола у фӕсивӕды уарзондӕр бынӕттӕй сӕ иу.

Хуссар Ирыстон алыхатт дӕр хъӕзныг уыд номдзыд спортсментӕй, чысыл адӕмыхатты минӕвӕрттӕн-иу бирӕ хӕттыты дунейы аккаг ныхмӕлӕууӕг нӕ разынд. Ацы ӕнтыстытӕм нывӕндынц сӕ бӕллицтӕ ӕрыгон спортсментӕ дӕр.

© Sputnik / Плиты ФатимаСпортивон скъола Цхинвалы
Спортивон скъола Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спортивон скъола Цхинвалы

Иууыл популярондӕр, раздӕрау, лӕппуты ӕхсӕн у уӕгъдибар хъӕбысхӕст, чызджытӕ та тырнынц аивадон гимнастикӕйы бӕрзӕндтӕм.
Спорты скъолайы кӕд бынтон бӕллицаг уавӕртӕ нӕй, уӕддӕр дзы фаг ис спортивон инвентарь ӕмӕ сывӕллӕттӕ ахуыры фӕстӕ лидзынц ардӕм. Спортмӕ ӕвзыгъд фӕсивӕдӕн ныр ис равзарӕн фылдӕр здӕхӕнтӕй — скъолайы ӕрӕджы конд ӕрцыд гири исыны секци.

"Секци конд ӕрцыд адӕмы куырдиӕтты фӕстиуӕгӕн. Бирӕты фӕндыд ӕмӕ нӕм хатыдысты, цӕмӕй бакӕнӕм гири исыны секци. Ацы иницативӕ Хуссар Ирыстоны у фыццаг фӕлварӕн, нырмӕ ацы спорт нӕ бӕстӕйы нӕ уыд. Нӕ фӕндыл сразы ис спорты комитеты разамынад ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы секци йӕ куыст райдайдзӕн", — радзырдта Sputnik скъолайы директор Бибылты Руслан.

Уый ма банысан кодта, спорты ацы хуызы архайджыты кӕй цӕттӕ кӕндзӕн ӕвзонг тренер Битеты Хох, кӕцы ныридӕгӕн ӕмбырд кӕны секцийы сконд.

"Ист цӕуынц сывӕллӕттӕ 10 азӕй уӕлӕмӕ. Уырны мӕ, уыдонӕй кӕй рацӕудзӕн фидӕны номдзыд спортсментӕ", — дзуры Бибылты Руслан.

Спортскъолайы директор ма куыд радзырдта, афтӕмӕй тренертӕ иууылдӕр сӕ сӕйраг хӕсыл нымайынц спортивон ӕхсӕнадты куыст сног кӕнын.

"Скъолайы карӕй куы ахизынц нӕ хъомылгӕнингтӕ, уӕд сӕ фӕндӕгтӕ сты ӕхгӕд, нӕй нӕм ӕхсӕнадтӕ ӕмӕ командӕтӕ. Кӕд тренертӕй бакусой, науӕд хъуамӕ спорт ныууадзой ӕмӕ ӕндӕр дӕсниад райсой", — банысан кодта уый.

Фӕсивӕды ӕхсӕн ма иууыл популярондӕртӕй сӕ иу у уӕззау атлетикӕйы зал дӕр. Тренер Тасойты Олег куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ спортивон ӕрмӕджытӕ кӕд цӕстӕн ахадгӕ не сты, уӕддӕр сты профессионалон ифтонггарз.

"Ис нын хорз уавӕртӕ уӕззау атлетикӕйы фадыджы архайынӕн, ныр нӕм ӕрбамбал уыдзысты гирийы секцийы хъомылгӕнинӕгтӕ дӕр. Гӕнӕн ис, фӕстӕдӕр кӕцыдӕр секцитӕ ацӕуой ног арӕзт спортивон комплекс "Олимп"-мӕ, фӕлӕ уал нырма кусдзыстӕм иууылдӕр ам", — банысан кодта тренер.

© Sputnik / Плиты ФатимаСпортивон скъола Цхинвалы
Спортивон скъола Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спортивон скъола Цхинвалы

Чысыл богалтӕ та хистӕрты проблемӕтыл нӕ хъуыды кӕнынц, рӕвдзӕй лидзынц сӕ физикон цӕттӕдзинад фидар кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ уырны, спорты сӕм райдзаст фидӕн кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Астаздзыд Кокойты Эдуард ныр дыууӕ азы цӕуы хъӕбысхӕсты секцимӕ, йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, ис ын фыццаг ӕнтыстытӕ дӕр.

"Хъуамӕ бирӕ кусон ӕмӕ мӕ уӕд ничи басӕтдзӕн. Хорз тренер мын ис, ӕмӕ куы фестырдӕр уон, уӕд уый мӕнӕй уыдзӕн сӕрыстыр, дзырд ын дӕттын. Фӕнды мӕ суӕвын дунейы чемпион", — дзуры чысыл спортсмен.

Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты республикон комплексон спортивон скъолайы ӕрвылбон дӕр сӕхи цӕттӕ кӕнынц сӕдӕгай спортсментӕ спорты бирӕ хуызты. Скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ ӕнтыстджынӕй архайынц ӕхсӕнадӕмон турнирты Дзӕуджыхъӕуы, Абхазы, Мӕскуыйы ӕмӕ Цӕгат Кавказы, фылдӕр бӕрцӕй вӕййынц уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты нымӕцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0