Ӕрдæгарæзт клиникон рынчындоны хъысмæт

© Sputnik / Дзерасса БиазартиӔрдæгарæзт клиникон рынчындоны хъысмæт
Ӕрдæгарæзт клиникон рынчындоны хъысмæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абон, йæ арæзтады историйыл дзургæйæ, чиновниктæ хæццæ кæнынц фактты, чи у ацы арæзтады заказгæнæг æмæ йæ хонынц "дызæрдыггаг ивгъуыдимæ бæстыхай".

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан бабæрæг кодта аразгæ бæстыхай Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы (ЦИПМА) клиникон рынчындоны территорийыл.

Бæстыхай райдыдтой аразын 2008 азы, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы раздæры ректор Гæтæгонты Тамарæйы рæстæджы. Муниципалон объект арæзт цыд федералон программæ "Юг России"-йы фæлгæтты, фæлæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ арæзтадон куыстытæ кæронмæ æххæст не ‘рцыдысты. Абон, йæ арæзтады историйыл дзургæйæ, чиновниктæ хæццæ кæнынц фактты, чи у ацы арæзтады закъазгæнæг æмæ йæ хонынц "дызæрдыггаг ивгъуыдимæ бæстыхай".

Республикæйы сæргълæууæг бæстыхай сгæрста Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Реуазты Таймураз, хицауады сæргълæууæджы хæдивæг Александра Реутов, Медакадемийы ректоры хæстæ æххæстгæнæг Олега Ремизовимæ, афтæ ма раздæры санитарон дохтыр Бутаты Таймуразимæ. Бæстыхайы хъысмæты фæдыл ныры æмæ раздæры чиновниктæ уынаффæ кодтой коллегиалонæй.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиÆгъуызарты Тамерлан бабæрæг кодта аразгæ бæстыхай Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы клиникон рынчындоны территорийыл
Глава РСО-Алания Тамерлан Агузаров осмотрел задние СОГМА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æгъуызарты Тамерлан бабæрæг кодта аразгæ бæстыхай Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы клиникон рынчындоны территорийыл

Райдайæны ам фæнд кодтой хосгæнæн-диагностикон центр саразын. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй бæстыхайы проектгæнæн куыстыты нымадмæ ист не ‘рцыдысты санитарон нормæтæ æмæ домæнтæ.

Бæстыхай басгарыны фæстæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Реуазты Таймураз фехъусын кодта ацы бæстыхайы лор-центр саразыны тыххæй ЦИПМА-йы фæнд. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы ис æртæ мин æмæ æрдæг, æвзæр чи хъусы, ахæм цæрджытæ, уыдонæй цыппар сæдæйæн хъæуы операци саразын.

"Афтæ ма, абоны онг цыппор сывæллонæн хъæуы схос кæнын, уый тыххæй та хъæуы 700 минæй 1 милуан сомы онг æхцайы фæрæзтæ. Ацы сывæллæтты арæхдæр хоскæнынмæ æрвитынц Мæскуы кæнæ Санкт-Петербургмæ", — банысан кодта министр.

Цӕгат Иры ӕртӕ боны архайдзӕн Санкт-Петербурджы медицинон десант - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры ӕртӕ боны архайдзӕн Санкт-Петербурджы медицинон десант

Республикæйы сæргълæууæг равдыста разыдзинад ацы бæстыхайы лор-центр бакæнынимæ, банысан кодта, республикæйы рынчынты нымæц бирæ кæй у, æмæ рахицæнгонд квотæтæ цæуынц республикæйы арæнæй.

"Махæн фадат уыдзæн æхцайы фæрæзтæ нæхимæ, республикæйы бахъахъхъæнын æмæ сæ аздахын нæхи æнæниздзинад хъахъхъæнынадмæ. Хъæуы саразын цæгаткавказаг центр, уадз æмæ нæм хос кæнынмæ цæуой æндæр республикæтæй дæр", — банысан кодта Æгъуызарты Тамерлан.

Ректоры хæстæ æххæстгæнæг ОлегРемизов загъта, "ЦИПМА стыр ныфс кæй æвæры лор-центры арæзтад æмæ райрæзтыл". Æгъуызарты Тамерлан та равдыста ныфс, "республикæйæн кæй уыдзæн йæхи специалисттæ".

Реуазты Таймураз ма банысан кодта, ацы бæстыхайы æнæмæнгæй кæй хъуамæ æрбынат кæна лор-низты кафедрæ, кæцы ныридæгæн архайы онкологион рынчындоны аварион бæстыхайы мӕгуырау уавæрты.

"Кæд бæстыхайы фæзуат фадат радта, уæд лор-кафедрæ хъуамæ рахиза ардæм. Ацы фарстæн ис аскъуыддзаг гæнæн æмæ йын бирæ фæрæзтæ дæр нæ хъæуы", — банысан кодта уый.

Бæстыхайы хъысмæт кæронмæ аскъуыддзаг уыдзæн иу къуырийы фæстæ. Æгъуызарты Тамерлан бахæс кодта кусæгон фембæлды хайадисджытæн, цæмæй къуырийы æмгъуыдмæ бацæттæ кæной æнхъарæнтæ бæстыхай лор-центрмæ рацаразыны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0