Хуссар Ирыстоны бюджет фидæн азæн уыдзæн 9 миллиард соммæ æввахс

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны хицауады бæстыхай
Хуссар Ирыстоны хицауады бæстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы паддзахадон бюджетæн йæ 90% арæзт у Уæрæсейы финансон æххуысæй.

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад хорзыл банымадта 2016 азæн бюджеты проект. Документыл уынаффæ цыд министрты кабинеты рабадты рæстæджы, кæцыйæн къухдариуæгад кодта президент Тыбылты Леонид.

Проектимæ хицауады уæнгты базонгæ кодта финансты министр Хæбæлаты Азæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фидæн азæн паддзахадон бюджет уыдзæн 8,9 млрд сомы.

"Ацы суммæйæн йæ 92,2% у Уæрæсейы бакæнгæ финансон æххуыс. Иннæ 7,8% та сты республикæйы сæрмагонд æфтиæгтæ", — банысан кодта министр.

Хæбæлаты Азӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уæрæсе бакæндзæн финансон æххуыс Хуссар Ирӕн 8, 2 миллиард сомы бæрц.

Ацы аз республикæйы паддзахадон бюджет уыд 7, 3 миллиард сомы, уæрæсейаг финансон æххуыс уыдонæй уыд 6, 6 миллиард сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0