Зӕгъойты Алан бахауд Уӕрӕсейы хуыздӕр дӕс футболисты номхыгъдмӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæИрон футболист Зӕгъойты Алан
Ирон футболист Зӕгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон футболист ӕрӕмбырд кодта 43 очкойы ӕмӕ номхыгъды бацахста фарастӕм бынат.

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Ирон футболист Зӕгъойты Алан спортивон журналистты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ бацыд Уӕрӕсейы хуыздӕр дӕс футболисты номхыгъдмӕ, хъусын кӕны Осетия Times.

Уӕрӕсейы хуыздӕр футболистты нымхыгъды Зӕгъойты Алан ис фарастӕм бынаты, уый ӕмткӕй ӕрӕмбырд кодта 43 очкойы.

Ирон футболисттӕй ма номхыгъдмӕ Зӕгъойты Аланӕй дарддӕр бахауд футболон клуб "Ростов"-ы къулдуаргӕс Дзанайты Сослан дӕр.

Хуыздӕр футболист равзарынӕн хатдзӕгтӕ сарӕзта зындгонд журнал "Футбол" спортивон журналистты хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуӕгӕн. Ӕдӕппӕтӕй номхыгъдмӕ бацыд 51 футболисты.

Ног хабӕртты лентӕ
0