Вице-премьер: базайрӕгты ӕрбаласты проблемӕ аскъуыддзаг уыдзӕн ног къуыри

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауады агъуыст
РХИ хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл базайрӕгты ӕрбаластимӕ проблемӕйыл ӕрдзырдтой Экономикӕйы министр Зӕгъойты Вильям, Таможнӕйон комитеты къухдариуӕггӕнӕг Цхуырбаты Мурӕт ӕмӕ вице-премьер Тъехты Алан. Фембӕлдмӕ ма хуынд ӕрцыдысты цалдӕр амалиуӕггӕнӕджы.

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik, Хъотайты Мария. Дыууӕ Ирыстоны базарадон-сӕудӕджерадон палатӕтӕ феххуыс кӕндзысты хуссарирыстойнаг амалиуӕггӕнджытӕн сӕ базайрӕгтӕн документтӕ исыны хъуыддаджы, загъта Sputnik хицауады сӕрдары хӕдивӕг Тъехты Алан.

Уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕныл базайрӕгты ӕрбаластимӕ проблемӕйыл ӕрдзырдтой цыппӕрӕмы хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ бизнесментӕ. Фембӕлд ацыд ӕхгӕд дуӕрттимӕ. Фӕстӕдӕр фембӕлды фӕстиуджыты тыххӕй радзырдтой амалиуӕггӕнджытӕ ӕмӕ вице-премьер Тъехты Алан.

"Хицауады минӕвӕрттимӕ ныхасы рӕстӕджы мах бамбӕрстам, ацы проблемӕ ӕвиппайды ӕмӕ бынтон кӕй нӕ аскъуыддзаг уыдзӕн. Таможнæйон комитеты сæргълæууæг загъта, цæттæ кæй у амалиуæггæнджытимæ ацæуын, цӕмӕй йæхæдæг базонгæ уа сæвзæргæ проблемæтимæ", — загъта амалиуæггæнджытæй сæ иу.

ФТС: амалиуæггæнджытæ хъуамæ æххæст кæной таможнæйон уагæвæрд - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФТС: амалиуæггæнджытæ хъуамæ æххæст кæной таможнæйон уагæвæрд

Вице-премьер Тъехты Алан загъта, амалиуæггæнджытæ сертификаттæ æмæ ветеринарон справкæтæ кæй хъуамæ исой Цæгат Ирыстоны. Бюрократон цæлхдуртæ аиуварс кæныны хъуыддаджы та амалиуæггæнджытæн баххуыс кæндзысты дыууæ Ирыстоны базарадон-сæудæджерадон палатæтæ.

Вице-премьер банысан кодта æрбаласгæ базайрæгты æмхæццæ хуызтæн сертификаттæ райсыны фæдыл зындзинæдтæ дæр. Амалиуæггæнджытæн сæ бон уыдзæн ласын базайрæгты 15 хуызы æмæ сертификаттæ хъуамæ исой уыдонæн.

"Æмбæрстгонд у, нæ амалиуæггæнджытæн фадат кæй нæ уыдзæн базайрæгты 300 хуызæн документтæ бавдисын. Машинæтæ ласынц хæлцадон продукттæ уæрæх ассортименты. Уый фæдыл мах бахастам фæндон базайраг адих кæнын æндæр æмæ æндæр хуызтыл, сæвæрын сæ машинæтыл æмæ 300 сертификаты бæсты бацæттæ кæнын 15 сертификаты", — загъта вице-премьер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, базайрæгтæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæныл æнæцæлхдуртæй æрбаласты проблемæ аскъуыддзаг уыдзæн ног къуыри.

Ног хабӕртты лентӕ
0