Аварийы аххосджыны марӕг бамбарын кодта йӕ фыдракӕнды мотивтӕ

© Sputnik / Ада БагианРХИ Генералон прокуратурæ
РХИ Генералон прокуратурæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кобесты Тимур майрæмбоны мæлæтдзаг æхст фæкодта ФТЦ-ы аххосджыны, цæй фæстиуæгæн фæмард йæ мад. Æрфарсты рæстæджы уый загъта, зӕгъгӕ, нæ ныппæрстон Тъотъойы фыртæн, йæхи кæй бааууон кодта аварийы бынатæй.

ЦХИНВАЛ, 1 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Дыууӕ цхинвайлаг сылгоймаджы цы аварийы фӕмард сты, уый аххосджыны кӕй фехста, уыцы хабар Кобесты Тимур бамбарын кодта, зӕгъгӕ, йын нæ ныппæрста, йæхи кæй бааууон кодта аварийы бынатæй, загътой Sputnik РХИ Генералон прокуратурæйы.

Цхинвалы цæрæг Кобесты Тимур майрæмбоны фехста фæндагон-транспортон цауы аххосджыны. Ноябры Цхинвалы уынгтæй иуыл æрцæугæ аварийы фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ сылгоймаджы, кæцытæй сæ иу уыд Кобесты Тимуры мад.

"Æрфарсты рæстæджы Кобесты Тимур загъта, кæй не ‘сфæрæзта, аварийы аххосджын йæхи кæй бааууон кодта трагедийы бынатæй æмæ сӕ ныууагъта удисгæйæ", — загътой генпрокуратурæйæ.

Кобесты Тимуры ныхмæ баконд æрцыд уголовон хъуыддаг.

Аварийы фæмардуæвæг сылгоймæгты хиуæттæ домынц аххосджынӕн карз æфхæрд

Тъотъоты Ацæмæзы фехстой тæрхондонон рабадты фæстæ, аххосджыны тæрхондоны бæстыхайæ куы фæцæй кодтой Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæ дарæн изолятормæ, уӕд. Кобесы фырт цалдæр æхст фæкодта Тъотъойы фырты изолятормæ бахизæны, цæй фæстиуæгæн уый фæмард бынаты.

Тæрхондоны куыд фехъусын кодтой, афтæмæй Тъотъоты Ацæмæзы фæдыл процесс кæронмæ нæма бахæццæ. Уымæ æнхъæлмæ каст фараст азмæ ахæсты баконд. Тæрхондоны скъуыддзагмæ ма хъуыд иууыл къаддæрæй дыууæ рабадты, цæй рæстæджы хъуамæ æрфарст æрцыдаиккой ФТЦ-ы æвдисæнтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0