Спикер: хъахъхъӕнынады фӕдыл бадзырды фæкъуыхцыйы аххосджынты хъӕуы бафхӕрын

© Sputnik / Ада БагианРХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий
РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты спикер нымайы, республикæйы хицауад кæй хъуамæ бацæттæ кæна æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады хаххы фæдыл уæлæмхас бадзырды проект.

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны президенты администраци аиуварс кодта парламенты минæвары Уæрæсейы Федерациимæ æмцæдисады бадзырды фæлгæтты æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырды проекты фæдыл кусæгон къорды хайад исынæй, нымайы парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Цыппӕрӕмы парламенты вице-спикер, хъахъхъӕнынад ӕмӕ ӕдасдзинады комитеты сӕргълӕууӕг Тасойты Дмитрий фехъусын кодта, кӕй рахызт хъахъхъæнынады хаххыл уæлæмхас бадзырды проекты фæдыл кусæгон къорды скондӕй, бадзырдты "бафыссыны ӕмгъуыд кӕй ахызти, уый аххосагӕн".

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, президенты администрацийы сæргълæууæг Джиоты Аланы сæрмагонд бардзырдмæ гæсгæ æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады парламентон комитеты разамонæг Тасойты Дмитрийæн нæ фехъусын кодтой кусæгон къорды рабадты тыххæй.

"Кусæгон къорды рабадтæй иуы рæстæджы Джиоты Алан комкоммæ загъта уæды хъахъхъæнынады министр Валерий Яхновецæн, цæмæй Тасойты Дмитрий хуынд ма цæуа рабадттæм. Уый базыдтон Валерий Яхновецимæ ныхасы рæстæджы", — загъта Бибылты Анатолий.

Парламенты спикеры ныхæстæм гæсгæ, уæлæмхас бадзырдыл бакусыны æмæ бафыссыны фæкъуыхцы иууылдæр у президенты администрацийы аххос, хъахъхъæнынады министр та, уый хынцгæйæ, йæхи ссæрибар кæнын кодта йæ бынатæй.

"Республикæйы къухдариуæгад хъуамæ сбæлвырд кæна, цы аххосæгтæм гæсгæ фæсыкк ис бадзырд бафыссыны æмгъуыд æмæ бафхæра ацы фæкъуыхцыйы аххосджынты. Фондз мæйæ фылдæр, нæхи проект саразыны бæсты, æнхъæлмæ кӕсынц уæрæсейаг проектмæ. Æмæ ныр, уымæ корректировкæтæ бахæссыны фæстæ, куыст банымадта сæххæстгондыл. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, нæ дызæрдыг кæнын, бадзырдыл кæй хъæуы бакусын æмæ йыл къухтæ бафыссын", — загъта Бибылты Анатолий.

Президенты администраци карзæй сæмбæлд парламенты вице-спикер Тасойты Дмитрийы ныхæстыл, ома бадзырдмæ уæлæмхас бадзырдтæ бафыссыны процесс къуылымпы цæуы Хъахъхъæнынады министрады хаххыл æнæконструктивон куысты фæстиуæгæн.

Парламент фæнд кæны йæ хъус дарын, куыд цæудзысты æххæст бадзырды алы статья дæр, уымæ.

"Депутатон корпус иууылдæр разы у, цæмæй дыууæ президенты цы æмцæдисадон бадзырд бафыстой, уый æххæст цæуа комкоммæ. Дам-думтӕ, ома парламент фæнд кæны æфсад фӕцух кӕнын, сты гæдыныхæстæ. Бадзырды комкоммæ нысан у, Хуссар Ирыстоны æфсады иу хай кæй ахиздзæн уæрæсейаг хъахъхъæнынады министрады юрисдикцимæ. Иннæ хай та баззайдзæн Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады цур. Парламент аххосджын кæныны бæсты хъуамæ æххæст цæуой бадзырды статьятæ ",- банысан кодта парламенты спикер.

Ног хабӕртты лентӕ
0