Уæрæсейаг агрофирмæ хъавы Хуссар Ирыстоны егъау проект бакæнын

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæCалаты хуызтæ
Cалаты хуызтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент уæрæсейаг агрофирмæйы хъæппæрис банымадта хорзыл æмæ бахæс кодта хицауадæн ацы фарстыл бакусын.

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Стыр уæрæсейаг агрофирмæ "Белая дача" цæттæ у Хуссар Ирыстоны хъæууонхæдзарадон проект бакæнынмӕ. Президент Тыбылты Леонидимæ фембæлды рæстæджы агрофирмæйы сæргълæууæг Виктор Семенов бахаста фæндон республикæйы салаты хуызтæ хъомыл кæнын, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

"Мах сахуыр кодтам Хуссар Ирыстоны климатон потенциал æмæ нымайæм, кæй дзы ис æппæт разæууæлтæ нæ хъуыддаг бакæнынæн. Ис нæм цалдæр проекты, кæцытæ нæ фæнды сæххæст кæнын. Фæлæ уал нæ фæнды райдайын салаттæ æмæ салаты хуызтӕ райдайын", — загъта Семенов.

Уый ма бафтыдта, бынæттон климат кæй дæтты фадат æнæхъæн аз 16 хуыз салат хъомыл кæнынӕн, æмæ кæд республикӕй хицауад къух сараза инвестортæн, уæд фыццаг тыллæг æрæмбырд кæнӕн уыдзæн ацы азы кæрон.

"Ис нæм конкретон æнхъарæнтæ æмæ мæ фæнды бахахх кæнын, æрмæст хъомыл æй кæй нæ кæндзыстæм, фæлæ уæй дæр. Фæнды нæ ‘ввахс рæстæджы "басгарын" сыджыт æмæ уавæртæ сахуыр кæнын. Цыбыр дзырдæй, фæнды нæ куыд тагъддæрæй æрæвналын салат хъомыл кæнынмæ", — загъта инвестор.

© Пресс-служба президентаПрезидент хорзыл банымадта Хуссар Иры салаты хуызтæ хъомыл кæныны хъӕппӕрис
Встреча с российским инвестором - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент хорзыл банымадта Хуссар Иры салаты хуызтæ хъомыл кæныны хъӕппӕрис

Президент хорзыл банымадта ацы хъæппæрис æмæ банысан кодта, Хуссар Ирыстон кæй æнхъæлмæ кæсы инвестицитæм.

"Хуссар Ирыстоны климат у хæрзвадат агросæудæджерадон комплексы райрæзтæн. Мах архайæм хъæууон хæдзарад нæхи тыхтæй сæндидзæн кæныныл, фæлæ нæ хъæуынц инвестицитæ дæр. Ныфс мæ ис, кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, æмæ нæ хъуыдытæ кæй æрцæудзысты реализаци", — загъта президент.

Уый бахæс кодта хицауады сæргълæууæджы хæдивæг Тъехты Алан æмæ хъæууон хæдзарады министр Плиты Виталийæн бакусын ацы æнхъарæнтыл æмæ хъуыддаг "дардмæ ма æргъæвын".

Ног хабӕртты лентӕ
0