ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Иры слестгæнæн органтæ æрцахстой æртæ æмбæстаджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы Цæцæны республикæйы 45-аздзыд цæрæг Эльдаева Луизайы амарыны хъуыддаджы, фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik республикæйы генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей.
Сылгоймаджы мӕрдон буар ссардтой февралы кæрон ӕдзӕрӕг хӕдзары Цхинвалы районы Уанаты хъæуы.
"Эльдаевайы амарыны фӕдыл уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæны фæстиуæгæн ныридæгæн ахст сты æртæ æмбæстаджы — дыууæ Хуссар Ирыстоны æмæ иу та Стъаврополы цæрджытæ", — загъта генпрокуроры хӕстӕ æххӕстгӕнӕг.
Битеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, слестгæнæн куыстытæ дарддæр цæуынц, ныртæккæ прокуратурæ æнхъæлмæ кæсы эспертизæты фæстиуджытæм.