Æрфарст референдумы фæдыл - цæстæнгас фæдих

© Sputnik / Ирина Попова /  Ахизын медиабанкмæГолосование на референдуме
Голосование на референдуме - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон Уæрæсейы сконды бацæуыны фæдыл референдум уагъд хъуамæ æрцæуа 2016 азы июлы. Æмбæстæгтæ хъуамæ сдзуапп кæной Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл сæ фæндоны тыххæй нæ, фæлæ хорзыл нымайынц æви нæ РХИ Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссын.

ЦХИНВАЛ, 25 апр — Sputnik. Хъæлæскæныны рæстæджы бахъардзысты Конституцийы 10-æм статьямæ ивындзинæдтæ бахæссын ахæм абзацæй:

РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты администраци фехъусын кодта УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдумы фарст

"1992 азы 19 январы æппæтадæмон хъæлæскæныны (референдум) фæстиуджыты бындурыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентимæ æрæмдзыхæй барджын у æрсидын Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон райст æрцæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, куыд ног субъект æмæ Уæрæсейы Федерациимæ саразын бадзырд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон бацæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, куыд ног субъект".

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн фадат уыдзæн ацы фарстæн дзуапп раттын æртæ мæйы фæстæ, фæлæ Sputnik ныридæгæн ауагъта чысыл развæлгъау æрфарст ацы темæйы фæдыл. Респондентты фарстой Цхинвалы уынгтыл. Иутæ дзы сты референдумы фарс, дыккæгтæ нымайынц, УФ-йы скондмæ бацæуыны фарстытæ республикæйы адæм кæй хъуамæ скъуыддзаг кæной комкоммæ хъæлæскæныны рæстæджы, чидæртæ та плебисциты тыххæй хъусгæ дæр ницы фæкодтой.

Цæстæнгас фæдих:

Хъæцмæзты Алла, паддзахадон службæгæнæг

Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл референдумы тыххæй ницы фехъуыстон. Уый хорз нысан у. Фæлæ мын кæронмæ æмбæрст нæу референдумы фарст. Цæмæн уадзæм референдум,цæмæй нæ сæргълæууæгæн бар раттæм Кремлмæ бахатыны тыххæй, кæд æмæ гæнæн æрæвæрын фарст, цæмæй нæ республикæ комкоммæ бацæуа Уæрæсейы скондмæ.

Бязырты Эмма, скъолайы ахуыргæнæг

Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты спикер разы нæу референдумы фарсты формулировкæимæ

Хуссар Ирыстоны бацыд УФ-йы скондмæ, куыд Уæрæсейы Федерацийы хицæн субъект, уыцы фарст хъуамæ скъуыддзаг кæной цæрджытæ æмæ æрмæстдæр адæмон референдумы руаджы. Референдум у ахæм процесс, цæй рæстæджы Хуссар Иры хъысмæт скъуыддзаг кæнынц адæм сæхæдæг, æмæ скъуыддзаг кæныны бартæ иу адæймаджы къухтæм — фæнды президент, фæнды парламенты спикерæн — дæттын раст нæу. Нæ æхсæнад цæры æрмæстдæр политикæйæ æмæ йæ тынг хорз зоны, куыд хъуамæ æвæрд уа фарст.

Алана, президенты администрацийы кусæг

Æз разы дæн референдуммæ цы фарст хъуамæ рахæссой, уый æвæрдимæ, уымæн æмæ адæм сæхæдæг æвзарынц президент æмæ парламенты спикеры, æмæ кæд адæм сæ фидæн баууæндыдысты республикæйы сæргълæууæгыл. Уæд ын сæрибарæй хъуамæ радтой бар Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ бахата Хуссар Иры Уæрæсейы скондмæ бацæуыны тыххæй.

Босыкты Индирæ, хæдзары æфсин

Хуссар Ирыстон хъуамæ бацæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ. Ацы фæндагыл нæ адæм тох кодтой 25 азы. Мах 50 минæй фылдæр не стæм æмæ Уæрæсейы къухдариуæгады дотацыйыл уæвгæйæ, мах нæ уыдзыстæм хæдбар паддзахад. Референдумы цы фарстæн хъуамæ сдзуапп кæнæм, уый растыл нæ нымайын. Фарст хъуамæ уа коммкоммæ: "разы стут, цæмæй Хуссар Ирыстон УФ-йы сконды бацæуа куыд хицæн субъект". Нæ хъæуы хуымæтæг фарстæй вазыгджын хъуыддаг аразын.

Вадим, æфсæддон службæгæнæг

Референдумы тыххæй хъусгæ фæкодтон, фæлæ кæронмæ не мбарын фарсты мидис. Цæмæн хъуамæ раттæм ахæм ахсджиаг фарст скъуыддзаг кæныны бар президент кæнæ парламентæн. Нæхæдæг æй аскъуыддзаг кæндзыстæм. Мæнæй аразгæ куы уаид, уæд æппæтдæр саразин, цæмæй Хуссар Ир бацæуа Уæрæсейы скондмæ. Мæ царды иудадзыг дарын æфсæддон дарæс, æдзухæй лæууын постты, бинонты дарынæн мызд нæ фаг кæны. Уæрæсейы скондмæ бацыд нын ратдзæн стабилон царды, социалон лæггæдты гаранти. Æмæ кæд референдумы фарст комкоммæ нæ уа — цы ран фарст "фæнды дæ Уæрæсейы скондмæ бацæуын"-æн иунысанон "уойе" зæгъын, уæд референдуммæ нæ ацæудзæн.

Коцты Людмилæ, РХИ хицауады аппараты кусæг

Æз разы рæн референдумы фарсты формулировкæимæ, уымæн æмæ æууæндын нæ президентыл.

Эльвирæ, студенткæ

Ницы фехъустон референдум нæм уагъд кæй цæудзæн, уый тыххæй. Уый фæдыл мæ бон ницы у зæгъын.

Цхуырбаты Мананæ, хæлцадон дуканийы уæйгæнæг

Хъуыды кæнын 1992 азы референдум. Уæд хъæлæс кодтам, цæмæй Хуссар Ирыстон уа хæдбар Гуырдзыстонæй æмæ баиу уа Цæгатимæ. Уæд адæм æмхъæлæсæй загътой "уойе". Цæрджытæ сæхæдæг сарæхстысты референдумы хъæлæскæнынимæ. Мæ нымадмæ гæсгæ, ног ивындзинæдтæ нæ хъæуы мысын, уыдон æрмæстдæр æппарынц тасы адæмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0