Гергиты Валерийы къухдариуæгадӕй Мариинаг оркестр ратдзæн концерт Пальмирæйы

© Sputnik / Алексей Даничев /  Ахизын медиабанкмæГергиты Валерийы къухдариуæгадӕй Мариинаг оркестр
Гергиты Валерийы къухдариуæгадӕй Мариинаг оркестр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерт "Пальмирæйыл кувгæйæ. Музыкæ удæгас кæны рагон систæ" уагъд æрцæудзæн 5 майы Пальмирæйы дунейыл зындгонд амфитеатры фæзуатыл, фехъусын кодта Мариинаг театры пресс-службæйы.

ЦХИНВАЛ, 5 мая — Sputnik. Гергиты Валерийы къухдариуæгады бын Мариинаг театры Симфоникон оркестр цыппæрæмы изæры ратдзæн концерт сириаг Пальмирæйы, кæцы марты сæрибар æрцыд ИП фыдгæнджытæй, фехъусын кодта театры пресс-службæ.

ЮНЕСКО-йы культурон бынты номхыгъдмæ хаст рагон Пальмирæ уыд "Исламаг паддзахады" (тобæгонд Уæрæсейы) террористты контролы бын иу азы бæрц, цалынмæ 27 марты сириаг æфсад УФ-йы уæлдæфон-космикон тыхты æмæ хæдæфсады æххуысæй не ссæрибар кодта горæт фыдгæнджытæй. Пальмирæйæн историкон хайæн аирвæзт йæ 80%.

"5 майы 17:00 сахатыл УФ Адæмон артист Гергиты Валерийы къухдариуæгады бын Мариинаг театры Симфоникон оркестр ратдзæн концерт "Пальмирæйыл кувгæйæ. Музыкæ удæгас кæны рагон систæ" дунейыл зындгонд амфитеатры фæзуатыл", — дзырдæуы пресс-службæйы хъусинаджы.

2008 азы августы, Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыстойнаг агрессийы фæстæ, Цхинвалы, парламенты сыгъд бæстыхайы раз Гергиты Валерийы Мариинаг театры оркестримæ радта концерт сабыр цæрджыты æхсæн амæттæгты рухс ном арынæн. Уæд концерт цы асиныл уагъд æрцыд, уый райста ном "Гергиаг".

Ног хабӕртты лентӕ
0