Уæлахизы Тырысайы халдих цытджын æгъдауæй радтой "Æнæмæлгæ полкы" штабмæ

© Sputnik / Алексей КовалевАкци "Уæлахизы Тырыса"
Акци Уæлахизы Тырыса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæлахизы Тырысайы 200-метрон халдих Цхинвалмæ æрхастой автозгъорды хайадисджытæ 15 апрелы. Цхинвайлаг кадеттæ йæ цыттджын уавæры радтой "Æнæмæлгæ полкы" штабмæ.

ЦХИНВАЛ, 5 май — Sputnik. Спорт, туризм æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитет алæвæрдта Уæлахизы Тырысайы халдих "Æнæмæлгæ полчы" штабмæ. Штабмæ тырыса бахастой Кадетон скъолайы ахуыргæнинæгтæ.

Уæлахизы Тырыса æрхæццæ Цхинвалмæ

Уæлахизы Тырысайы 200-метрон халдих Цхинвалмæ æрхастой автозгъорд "Не ‘Стыр Уæлахизы стъалы"-йы хайадисджытæ 15 апрелы.
Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ банысан кодта, Уæлахизы Тырысайы халдих официалон æгъдауæй штабмæ лæвæрд кæй æрцыд фыццаг хатт.

"Ацы кæттагимæ кæддæр нæ дадатæ цыдысты хæстмæ, ныгæдтой се ‘мгæртты æмæ цин кодтой Стыр Уæлахизыл. Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстон арвыста 21736 хъæбулы, уыдонæй тохы быдырты бабын 11116 адæймаджы æмæ 7000 мин та фесæфтысты æбæрæгæй. Абон сымахæй алчидæр фæцагайдта Уæлахизы Тырысамӕ æмæ ацы аныдзæвд уæ зæрдæты баззайдзæн æнустæм", — загъта уый.

Спорт, туризм æмæ фæсивæдон хъуыддæгты фæдыл комитеты разамонæг Зассеты Сергей банысан кодта, Уæлахизы Тырысайы халдих фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ кæй æрхастой Мысæн эстафетæ "Не ‘Стыр Уæлахизы стъалы"-йы хайадисджытæ.

"Уынаффæты фæстæ аскъуыддзаг кодтам халдих "Æнæмæлгæ полкы" штабмæ раттын", — загъта Зассеты Сергей.

2015 азы ма республикæ йæхимæ иста проекты хайадисджыты. Ам цы Уæлахизы Тырыса айтынг кодтой, уый делегаци ахаста йемæ æмæ йæ айтынг кодта Берлины, Рейхстагы систы цур, "цæмæй æппæт дунейæн равдисæм нæ тых".

Ног хабӕртты лентӕ
0