"Симд" ратдзӕн концерт Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Ада БагианСимд
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ансамбль фыццаг хатт цӕгатирыстойнаг кӕсӕгӕн равдисдзӕн ног балетмейстер Чилӕхсаты Георгийы ӕвӕрд кафт "Симд".

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" ауадздзӕн концерт Дзӕуджыхъӕуы, фехъусын кодта Sputnik ансамблы сӕйраг администратор Гаглойты Кристина.

Ансамбль фыццаг хатт цӕгатирыстойнаг кӕсӕгӕн равдисдзӕн ног балетмейстер Чилӕхсаты Георгийы ӕвӕрд кафт "Симд".

"Дзӕуджыхъӕуы Ирон театры сценӕйыл "Симд" равдисдзӕн йӕ репертуары сӕйрагдӕр кафтытӕ, се ‘хсӕн алайнаг сюитайӕ дыууӕ кафты. Концерты ма сӕ арӕхстдзинад равдисдзысты хоры зарӕггӕнджытӕ", — загъта Гаглойты Кристина.

Концерт организацигонд цӕуы Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады ӕххуысӕй. Мадзал ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы Ирон театры бӕстыхайы 16 майы.

Ног хабӕртты лентӕ
0