Хуссар Иры æрцахстой фыдгæнæджы, кæцы алыгъд цхинвайлаг ахæстонæй 2002 азы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæАхӕст
Ахӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цоциты Дмитрий 2000 æзты райдайæны амардта адæймаджы, рахастæуыд ын тæрхон 15 азы ахæсты баконд, фæлæ дыууæ азы фæстæ алыгъд ахæстонæй.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) криминалон милицийы кусджытæ æрцахстой 36-аздзыд ӕмбӕстаджы, кæцы 2002 азы алыгъд цхинвайлаг ахæстонæй, фехъусын кодта Sputnik МХМ сæргълæууæг Лæууойты Æхсар.

Цоциты Дмитрий 2000 æзты райдайæны фехста адæймаджы, цæй фæстиуæгæн уый фæмард. Ахæстоны дыууæ азы фæбадыны фæстæ уый алыгъд. Цоцийы фырты æрцахстой ивгъуыд къуыри Дзауы районы, Ручъы хъæуы.

"Уымæн рахастæуыд тæрхон 15 азы ахæстоны фæбадын, фæлæ 2002 азы алыгъд. Бантыст ын арæны сæрты ахизын, фæлæ йæ фæстæдæр Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæн органтæ æрцахстой Дзæуджыхъæуы æндæр фыдракæнд саразыны тыххæй. Уым дӕр фæбадт ахæстоны", — загъта министр.

Лӕууойты Æхсар банысан кодта, ныртæккæ Цоцийы фырт кæй у ахст. Барадхъахъхъæнæн органтæ уадзынц слестгæнæн куыстытæ, æлхынцъон тæрхон та йын рахæсдзæн тæрхондон.

Ног хабӕртты лентӕ
0