Цæгатирыстойнаг самбисткæ ссис Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæЦæгатирыстойнаг самбисткæ ссис Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ
Цæгатирыстойнаг самбисткæ ссис Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырцъыты Маргаритæ ссис сыгъзæрин майданы хицау, фæстаг ныхмæлæуд æмгъуыдæй раздæр рамбулгæйæ.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Цæгатирыстойнаг Гуырцъыты Маргаритæ ссис Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Татарстаны столицæйы 13-15 майы.

30 бæстæйæ самбисттæ цы турниры архайдтой, уыдонæй турниры хорзæхты хицæуттæ ссисты 14 æмбырдгонды минæвæрттæ, хъусын кæны РИА Новости.

Маргаритæ ссис сыгъзæрин майданы хицау, фæстаг ныхмæлæуд æмгъуыдæй раздæр рамбулгæйæ.

Гуырцъыты Маргаритæ у уæрæсейаг самбисткæ æмæ дзюдоисткæ. Самбо æмæ дзюдойæ Уæрæсейы чемпионатты призер æмæ чемпионкæ. Самбойæ Европæйы дыууæ хатты чемпионкæ, Уæрæсейы спорты дæсны.

Европæйы радон чемпионат уагъд æрцæудзæн 2017 азы майы, Минскы.

Ног хабӕртты лентӕ
0