Зынгӕ рухстауӕг Ӕгъуызаты Иуанейӕн Цхинвалы сывӕрдзысты цырт

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цырт ӕвӕрд цӕуы Гӕбӕраты мыггаг, Культурӕйы министрад ӕмӕ Цхинвалы администрацийы фӕндмӕ гӕсгӕ.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Фыссæг ӕмӕ рухстауæг, фыццаг ирон автор ӕмӕ чырыстон динамонӕг Ӕгъуызаты — Гӕбӕраты Иуанейӕн Цхинвалы 23 майы сӕвӕрдзысты цырт, фехъусын кодтой Sputnik культурӕйы министрады.

Цырт ӕвӕрд цӕуы Гӕбӕраты мыггаг, Культурӕйы министрад ӕмӕ Цхинвалы администрацийы фӕндмӕ гӕсгӕ.

Дни Иуане Агъуызаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рухстауӕг Ӕгъуызаты Иуанейы райгуырдыл сыххӕст 240 азы

"Скульптурӕ сцӕттӕ кодта зынгӕ ирон нывгӕнӕг ӕмӕ скульптор Плиты Владимир. Пъланмӕ гӕсгӕ, цырт цытджын уавӕры конд ӕрцӕудзӕн 23 майы Фырсыгъдӕг Мады Майрӕмы аргъуаны цур скверы", — загъта министрады пресс-секретарь Остъаты Мадина.

Уымӕй размӕ ма Иуанейӕн ахӕм цырт ӕвӕрд ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы дӕр.

Æгъуызаты Иуанейӕн йе ‘цæг мыггаг уыд Гæбæратæй, фæлæ цæмæй уæзданыл нымад уыдаид, уый тыххæй йæхи фыста рагон ирон паддзæхты мыггæгтæй иуыл — Æгъуызатыл. Райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны, Залдайы хъæуы. 1821 азы рауагъта фыццаг ирон дамгъуат ӕмӕ кувӕн чиныг (катехизис) ирон ӕвзагыл. Æгъуызаты Иуане ныууагъта аивадон уацмыс — хъайтарон кадæджы "Алгъуызы кадæг".

Ног хабӕртты лентӕ
0