Къуайсайы цæрæг бархийæ радта МХМ-мæ бирæнымæц хæцæнгарзы нæмгуытæ

© МВД ЛНР /  Ахизын медиабанкмæХӕстӕрмӕджытӕ
Хӕстӕрмӕджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг мæйты ацы цау ссис æртыккаг, Хуссар Иры цæрджытæ бархийæ куы хæссынц барадхъахъхъæнæн органтæм хæцæнгæрзтæ кæнæ ссардгонд хæцæнгæзты æмбæхстытæ.

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къуайсайы цæрæг барвæндонæй радта бынæттон барадхъахъхъæнæн органты хайады кусджытæн бирæнымæц хæстæрмæджытæ, хъусын кæны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службæ.

Нӕмыг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнæрегистрацигонд хæцæнгæрзты хицæутты бахæсдзысты резервистты номхыгъдмæ

Республикæйы МХМ рæстæгæй рæстæгмæ сиды цæрджытæм, цæмæй барвæндонæй радтой, æнæзакононæй сæм цы хæцæнгæрзтæ, хæстæрмæджытæ æмæ рæмудзæн æрмæджытæ ис, уыдон.

"Къуайсайы 63-аздзыд цæрæг барвæндонæй радта мидхъуыддæгты хайады кусджытæм 80 пулеметы нæмыджы, 96 винтовкæйы нæмыджы æмæ 14,5 мм калибр 58 нæмыджы", — загъта пресс-службæйы кусæг.

Раздæр МХМ-ы къухдариуæгад раразмæ кодта хъæппæрис, æнæрегистрацигонд хæцæнгарзы проблемæ аскъуыддзаг кæнын закъондæттæн æмвæзадыл æмæ йæ хицауæн резервисты статус раттын. Ведомствӕйы нымайынц, æмбæлон закъон райсыны фæстæ, резервисттæн фадат кæй уыдзæн сæ хæцæнгарз срегистраци кæнын æмæ йæ хæдзары законон бындурыл дарын.

Ног хабӕртты лентӕ
0