Цӕгат Ирыстоны фӕндаг ссыгъдӕг кодтой дурты зӕййӕ

© Sputnik / В. Алексеев /  Ахизын медиабанкмæДыгургом
Дыгургом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕндагон бастдзинад районы сӕндидзыдта, фӕлӕ тас у ног дуры зӕйты ӕрцыдӕй, тӕссаг фадыг хъуамӕ ӕрцӕуа сгӕрст.

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Ирӕфы районы фӕндаг ссыгъдӕг кодтой дурты зӕййӕ, хъусын кӕны республикӕйы УУМ-ы сӕйраг управлени.

Цыкола ӕмӕ Мацутайы ӕхсӕн дурты зӕй къуырисӕры ӕрӕхгӕдта цалдӕр хъӕуы фӕндагон бастдзинад райцентримӕ. Дурты зӕйы гуырахст уыд 30 кв3 йӕ фӕтӕн 4 метры, йӕ бӕрзонд та иу метр.

Дыццӕджы райсомӕй УУМ фехъусын кодта, фӕндаг кӕй ӕрцыд сыгъдӕг ӕмӕ фӕндагон змӕлд кӕй байгом дыууӕрдӕм дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр тӕссаг у ног дурты зӕйы ӕрцыдӕй, уымӕ гӕсгӕ тӕссаг фадыг хъуамӕ ӕрцӕуа сгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0