Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартæн Присы аразынц мемориалон комплекс

© Sputnik / Алексей КовалевПамятник Прис
Памятник Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕст расидты тыххӕй уӕззау хабар Присмӕ куы рыхъуыст, уӕд 31 ӕвзонг лӕппуйы – фондз мыггаджы минӕвӕрттӕ араст сты райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ сӕ иу дӕр йӕ хӕдзарыл нал сӕмбӕлд.

ЦХИНВАЛ, 24 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты быдырты цы присаг лӕппутӕ баззад, уыдонæн хъæуы къуылдымыл арæзт цæуы иумæйаг мемориалон комплекс.

Хӕст расидты тыххӕй уӕззау хабар Присмӕ куы рыхъуыст, уӕд 31 ӕвзонг лӕппуйы — фондз мыггаджы минӕвӕрттӕ араст сты райгуырӕн бӕстӕ хъахъхъӕнынмӕ ӕмӕ сӕ иу дӕр йӕ хӕдзарыл нал сӕмбӕлд. Уыдонӕн раздӕр дӕр хъӕуы уыд цырт, фӕлӕ йӕ рӕстӕг ӕркодта ӕдзӕллаг уавӕрмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы 31 хӕстонӕн ног мемориал саразыны хӕс сӕхимӕ райстой парти "Иугонд Ирыстон"-ы фæсивæдон организаци "Иугонд Алани" — арæзтад цæуы йæ уæнгты хайадистæй æмæ финансон хæрдзтæй.

"Присы хъæуы ацы цырт саразыны хъуыды фæзынд тымбыл фынджы рæстæджы. Ветерантæ хъусдард аздæхтой Присы хъæуы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты цырты мæгуырау уавæрмæ. Ацы хъуыддаг æнæскъуыддзагӕй ныууадзын растыл нæ банымадтам æмæ йæ сæндидзын кæнын нæ бæрны бакодтам, нæ фарсмæ балæууыдысты партийы разамынад дæр", — радзырдта Sputnik "Иугонд Алани"-йы кухъдариуæггæнæг Коцты Михаил.

© Sputnik / Алексей КовалевСтыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартæн цырт Присы
Памятник Прис - Sputnik Хуссар Ирыстон
Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтартæн цырт Присы

Куыстытæ ныридæгæн сты сæ тæмæны, аразджытæ ныфс дæттынц, мемориалон комплекс кӕй сцæттæ кæндзысты 20 сентябрьмæ. Ныридӕгӕн уал зынгхуыст хъайтарты ӕнусон нӕмттӕ фыст æрцыдысты хъæуы уæлмæрдмæ хæстæг къуылдымыл гранитон дурыл.

"Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты нæмттæ рох кæнын нæй гæнæн, стæй ма фæсивæд сæхæдæг кæй кусынц арæзтады, уымæн дæр ис стыр нысаниуæг. Раздæры цыртæй ныры комплекс уыдзæн зынгæ стырдæр æмæ рӕсугъддӕр. Цыртæй дарддæр ма дзы арæзт æрцæудзæн чысыл рухсгонд аллей дӕр", — бафтыдта Михаил.

Фæсивæдон организацийы къухдариуæггæнæг ма ныфс бавæрдта, зӕгъгӕ, ацы проект æнæаиппæй куы ацæуа, уæд ма сæ фæнды ис æнгæс цыртытæ Хуссар Иры æндæр хъæуты сæвæрын дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0