Ирон бархион: Моторолайы мӕлӕт хъуыд ӕрмӕстдӕр украинӕйаг сӕрмагонд службӕты

© Sputnik / Геннадий Дубовой /  Ахизын медиабанкмæАрхивное фото Арсения Павлова
Архивное фото Арсения Павлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Батальон "Восток" –ы ирон бархион Мамиты Алан радзырдта Sputnik ДАР-ы хæдæфсады дӕлхайадтӕй иуы командир – Моторолайы тыххӕй, кӕцы фӕмард хуыцаубоны Донецкы.

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Моторола уыд ныхмӕлӕуды символ, Донбассы иууыл легендарондӕр бындырон командиртӕй иу, загъта батальон "Восток" —ы ирон бархион Мамиты Алан.

Донецкаг адӕмон республикӕйы хӕдӕфсады дӕлхайадтӕй иуы командир Арсен Павлов "Моторола" фӕмард хуыцаубоны Донецкы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн.

Мамиты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, цы дам-думтӕ парахат кӕнынц, ома Моторолайы мӕлӕт ахсджиаг уыд, абон Донбассы хицауады сӕргъмӕ чи тырны, уыдонӕн — сты ӕнӕбындур.

"Цӕуы дам-думтӕ, хӕст кӕй цӕуы элитӕйы, тох кӕнынц къухдариуӕгады тыххӕй, фӕлӕ уымӕн ахӕмӕй ницы претензитӕ уыд, уый службӕ кодта ӕфсады ӕмӕ политикӕйы хъуыддӕгты нӕхи нӕ тъыста. Уымӕн ДАР-ы сӕргълӕууӕг Захарченкоимӕ уыд хъарм ӕмӕ хӕларадон ахастытӕ, уыд ныхмӕлӕуды символ, Донбассы иууыл легендарондӕр бындырон командиртӕй иу ӕмӕ йӕ мӕлӕт ахсджиаг у ӕрмӕстдӕр украинӕйаг сӕрмагонд службӕтӕн", — загъта Мамиты Алан.

Ирон бархион банысан кодта, Моторолаимӕ кӕй уыдыстӕ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр дӕлхайадты, нӕ сын уыд хӕларадон ахастытӕ. Ӕрмӕстдӕр цалдӕр хатт "амбӕлдысты", фӕлӕ Моторолайы зыдта алчидӕр.

Дзиба в составе батальона Восток на Донбасе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзиба: зӕрыбонты мӕ фырт мысдзӕн мӕн куыд нӕлгоймаджы

"Уый уыд хъӕлдзӕг лӕппу, уыд фыццӕгтӕй иу, кӕцытӕ райдыдтой исын камерӕйыл донбассы цӕуӕг цаутӕ. Славянскы ма куы уыд, уӕд камерӕ бафидар кодта йе згъӕрхудыл, тох кодта ӕмӕ цы уыдта, уыцы ӕрмӕджытӕ ӕвӕрдта онлайн. Уый пиар-технологитимӕ куыд арӕхстджынӕй пайда кодта, уымӕ гӕсгӕ тагъд ссис зындгонд", — банысан кодта Мамиты Алан.

Ирон бархионы ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохы рӕстӕджы Моторола уыд ӕвзыгъд, хъӕбатыр ӕмӕ ӕрхъуыдыджын.

"Уыд ахӕм уавӕр, уый куы ӕрлӕууыд дыууӕ украинӕйаг блокпосты ӕхсӕн. Нырма иуырдӕм райдыдта ӕхст, стӕй та иннӕрдӕм. Ӕппынфӕстагмӕ, дыууӕ украинӕйаг дӕлхайады райдытой кӕрӕдзи ӕхсын. Уагъта психологон атакӕтӕ украинӕйаг ӕфсӕддон службӕгӕнджыты ныхмӕ", — мысы ирон бархион.

Уый раразмӕ кодта хъуыды, украинӕйаг сӕрмагонд службӕтӕ дарддӕр дӕр кӕй зилдзысты ДАР-ы быдырон командирты фӕдыл.

"Ацы хъуыддаг уыдон сарӕзтой дӕнцон ӕмӕ нӕргӕйӕ, ӕмӕ дарддӕр дӕр зилдзысты быдырон командирты фӕстӕ", — балхынцъ кодта бархион.

Ног хабӕртты лентӕ
0