Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ артӕфтыд ӕмӕ суициды фӕлвӕрды тыххӕй бакодтой уголовон хъуыддаг

© Sputnik / Алексей КовалевМвд
Мвд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕджы ныхмӕ баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕртӕ статьяйы фӕдыл – октябры уый бафтыдта зынг кӕйдӕр машинӕйыл ӕмӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын. Цауы бынаты байст ӕрцыд Калашниковы автомат.

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ, кӕцы 9 октябры ссыгъта кӕйдӕр машинӕ ӕмӕ уый фӕстӕ та бафӕлвӕрдта йӕхи амарын, баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕртӕ статьяйы фӕдыл, радзырдтой Sputnik Хуссар Ирыстоны МХМ-ы пресс-службӕйы.

"Баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕртӕ статьяйы фӕдыл — "хӕцӕнгарз ӕнӕзакононӕй дарын", "искӕй мулкӕн зиан ӕрхӕссын", ӕмӕ "æхсæнадон æгъдау æвирхъау митæй халын". Ныртӕккӕ уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ. Агуырд цӕуынц цауы ӕвдисӕнтӕ. Афтӕ ма слестгӕнджытӕ бӕлвырд кӕнынц фыдракӕнды аххосӕгтӕ", — фехъусын кодтой ведомствӕйы пресс-службӕйы.

МХМ-ы минӕвар ма банысан кодта, хи амарыны бафӕлвӕрды тыххӕй азымгонд кӕй ис уӕззау уавӕры ӕмӕ йӕ нырма ӕрфӕрсын нӕй гӕнӕн.

Станция скорой помощи в городе Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕг ссыгъта кӕйдӕр машинӕ ӕмӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын

"Нӕ информацимӕ гӕсгӕ, уый ис хосгӕнӕн уагдоны республикӕйӕн ӕдде. Дохтыртӕ йын йӕ уавӕрӕн аргъ кӕнынц, куыд уӕззау, уымӕн ӕмӕ хи марыны рӕстӕджы йӕхицӕн бакодта серьезон зиан, уымӕ гӕсгӕ ӕрфарст ауадзыныл дзырд нырма нӕ цӕуы", — загътой МХМ-ы.

Амӕй размӕ фехъусын кодтой, Цхинвалы 24-аздзыд цӕрӕджы кӕй фӕхӕццӕ кодтой республикон рынчындонмӕ йӕ сӕр хӕцӕнгарзӕй ӕхстимӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сбӕлвырд кодтой, уый кӕй бафтыдта арт кӕйдӕр машинӕйыл, уый фӕстӕ бафӕлвӕрдта йӕхи амарын. Зианбаййафӕджы хӕдзар басгӕрсты рӕстӕджы ссардӕуыд ӕмӕ байстӕуыд автомат АК-74.

Ног хабӕртты лентӕ
0