Ӕхсӕрдӕсаздзыд барӕг рамбылдта бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны

© Sputnik / Алексей КовалевЛошади Скачки Южная Осетия
Лошади Скачки Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕхты дугътӕ Хуссар Ирыстоны уагъд цӕуынц 2010 азӕй фӕстӕмӕ. Ацы аз хуыздӕр барӕгыл нымад ӕрцыд Хъорнисы хъӕуы ӕхсӕрдӕсаздзыд цӕрӕг.

ЦХИНВАЛ, 25 окт — Sputnik, Босыкты Наталья. Хуссар Ирыстоны ӕрвылазон бӕхты дугъты сӕйраг призы хицау ссис ӕхсӕрдӕсаздзын барӕг Плиты Аслан Хъорнисы хъӕуӕй. Дыккаг бынат бацахста фароны уӕлахиздзау Гореты хъӕуӕй, ӕртыккаг та финишмӕ бахӕццӕ къуайсайаг барӕг.

Бӕхты дугътӕ уагъд ӕрцыдысты къуырисӕры Джеры комы Маралеты хъӕуы (Цхинвалы район).

Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры. Уӕлахизмӕ тырны алы барӕг дӕр

Уазал ӕмӕ дымгӕ боныгъӕдмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ардӕм ӕрбацыдысты сӕдӕ адӕймагмӕ ӕввахс. Чидӕртӕ сӕ мадзалмӕ ӕрбацӕуынц ӕрвылаздӕр, сӕ уарзон хайадисджыты фарс балӕууыны нысанӕн.

Ӕдӕппӕт бӕхты дугъты райстой хайад фондз барӕджы республикӕйы алы районтӕй. Старты хӕдфӕстӕ Асланы бӕх ахъаззаг фӕиппӕрд иннӕ хайадисджытӕй. Трассӕйы ӕмбисыл уавӕр фӕивта ӕмӕ, чысыл ма бахъӕуа, гореттаг барӕг фӕуа дугъты лидеры разӕй. Фӕлӕ, ӕвзонг кармӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, бӕх дӕр ӕмӕ барӕг дӕр равбыстой сӕ арӕхстдзинад ӕмӕ финишмӕ ӕрбахӕццӕ сты фыццӕгтӕ.

"Дугъты архайын фыццаг хатт, бӕх дӕр мӕм ис ӕрмӕстдӕр цалдӕр мӕйы. Уадиссаг нӕхи ницы цӕттӕ кодтам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн тынг ӕхсызгон у нӕ уӕлахиз ", — заъта Аслан.

Ацы аз бӕхты дугътӕ уагъд ӕрцыдысты фӕсивӕдон политикӕйы фӕдыл комитетимӕ иумӕ, уыдон уӕлахиздзау ӕмӕ мадзалы иннӕ хайадисджыты схорзӕхджын кодтой дипломтӕ, кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы призтӕй.

© Sputnik / Алексей КовалевБӕхты дугътӕ Хуссар Иры
Лошади Скачки Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕхты дугътӕ Хуссар Иры

Бӕхты дугъты проекты автор ӕмӕ организатор Къӕбулты Ренат радзырдта, ӕрвылазон мадзал нывонд кӕй у йӕ фыд ӕмӕ ‘фсымӕры рухс нӕмттӕн.

"Ирӕттӕм иу нӕлгоймаг йӕ цардӕй куы ахицӕн, уӕд иу ын йӕ бӕх баныгӕдтой йемӕ — уый у нӕ фылдӕлты рагон традици. Мӕ фыд фесӕфт ӕбӕрӕгӕй, гуырдзиӕгтӕ йын йӕ бӕх куы фехстой, уый фӕстӕ, ме ′фсымӕр йӕ рӕстӕджы ӕххӕст кодта цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кодта Сау Дзуары территорийыл. Уымӕ гӕсгӕ, бӕхты дугътӕ ауадзыны бынаты равзӕрст йӕхӕдӕг йӕхиуыл дзуры", — загъта Ренат.

Уый ма банысан кодта, ӕрвылаз дӕр бӕхты дугътӕ уагъд кӕй цӕуынц ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бынӕтты, цӕмӕй фӕлтӕрд ӕмӕ ног хайадисджытӕн уа ӕмхуызон фадӕттӕ, стӕй ма цӕмӕй сӕ хӕслӕвӕрд фӕвазыгджындӕр уа.

Номарӕн дугътӕ Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт уагъд ӕрцыдысты ӕхсӕз азы размӕ — 2010 азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0