Кучиты Юрийæн Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты æртæметрон цырт

© Sputnik / Марк Редькин /  Ахизын медиабанкмæКапитан атомного ледокола "Арктика"
Капитан атомного ледокола Арктика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цыртдзæвæн легендарон полярон экспедициты архайæгæн æвæрд æрцæудзæн Коцойты Арсены уынгыл. Монументы автор фæбæрæг ис конкурсы руаджы, цы ран архайдта 30 скульпторы.

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Легендарон полярон экспедициты архайæг Кучиты Юрийæн Дзæуджыхъæуы сараздзысты ӕртӕметрон бронзæ цырт, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Монументы авторы сбæрæг кодта конкурс. Бæстæйы хуыздæр 30 скульпторы куыстыты хсæн жюри равзæрста зындгонд мæскуыйаг нывгæнæг Злотяй Юрийы эскиз.

Хъайтар Плиты Иссӕйӕн Кубайы бакӕндзысты цырт

"Дзæуджыхъæуы тагъд рæстæджы фæзындзæн ног зæрдылдарæн бынат. Коцойты Арсены уынгыл легендарон полярон экспедициты архайæг Кучиты Юрийæн æвæрд æрцæудзæн цыртдзæвæн. Уыдзæн бронзæйæ конд. Фæнд æй кæнынц æртæ метры бӕрзӕндӕн скæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Цыртдзæвæн сæвæрыны хъуыды æрцыд арктикон капитаны хæлар æмæ ʻмкусæг Епхиты Георгимæ. Ныр та йæм ис ахæм хъуыды: легендарон гоймаджы ном хъуамæ хæсса æппæтæй нырыккондæр æмæ фидардæр ледокол.

Цыртдзæвæн æвæрд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы администрацийы æмæ æхсæнадон змæлд "Нацийы æнæниздзинадæн"-ы æххуысæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0