Хуссар Ирыстон радзурдзӕн Абхазы инвесторы ӕрбаздахыны тыххӕй

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæНа набережной города Сухум
На набережной города Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг–абхазаг амалхъом форум ӕрцӕудзӕн уагъд Абхазы 15 ноябры. Хуссар Ирыстонӕй форумы хайад исдзысты хицауады фыццаг вице-премьер ӕмӕ экономикон райрӕзты министр.

ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстон Абхазы амалхъом форумы рӕстӕджы радзурдзӕн, цы амӕлттӕй хъавы инвесторты йӕхимӕ аздахын, загъта Sputnik экономикон райрӕзты министр Зӕгъойты Вильям.

Абхазия празднует День независимости - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тыбылты Леонид: Абхаз йӕ сӕрибардзинад байста тугкалӕн ӕмӕ карз тохты

VII Уӕрӕсейаг-абхазаг амалхъом форум "От стратегии к истории успеха" уагъд ӕрцӕудзӕн Абхазы 15 ноябры. Йӕ хайадисджытӕ суыдзысты дыууӕ бӕстӕйы бизнесментӕ, хицауад ӕмӕ ӕнӕхицауадон организациты минӕвӕрттӕ.

Форуммӕ ма хуынд ӕрцыд Хуссар Ирыстон дӕр ӕмӕ уырдӕм ацӕудзысты хицауады фыццаг вице-премьер Тъехты Алан ӕмӕ экономикон райрӕзты министр.

"Мах ницы конкретон проекттӕ ласӕм форуммӕ. Радзурдзыстӕм, Хуссар Ирыстон цӕмӕй у зӕрдӕмӕдзӕугӕ инвестортӕн — цы нӕм ис фадат реализаци кӕнын ӕмӕ ма ӕрдзурдзыстӕм ацы къабазы нӕ фиддонон политикӕйы тыххӕй", — загъта Зӕгъойты Вильям.

Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ма форумы хайадисджытӕн ӕрбавдисдзысты республикӕйы инвестицион паспорт.

Амӕй размӕ Абхазы экономикӕйы министры хӕдивӕг Батал Тарба радзырдта, форумы фӕлгӕтты кӕй ацӕудзысты тематикон тымбыл фынгтӕ, цы ран ӕркӕсдзысты ахӕм фарстытӕм, куыд туризм, хъӕууон хӕдзарад ӕмӕ энергетикӕйы къабазты ӕмгуыстад фӕарфдӕр кӕнын, инвестицитӕ химӕ здахын, афтӕ ма форумы бӕстӕтӕ-хайадисджыты социалон-экономикон райрӕзты стратегитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0