Транскам сæхгæдтой зæйты ʻрцыды тас æмæ стыр митуарды тыххæй

Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хсæн иунæг трассæйыл фæндагон змæлд тобæгонд у дыццæджы 19.40 сахатæй.

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Транскавказы автомагистраль сæхгæдтой зæйы ‘рцыды тас æмæ стыр митуардты аххосæй, хъусын кæны Уæрæсейы УУМ Цæгатирыстойаг управленийы пресс-службæ.

"Зæйы ‘рцыды тас æмæ стыр митуардты аххосæй дыццæджы 19.40 сахатæй Транскамы дыууæрдæм тобæгонд у фæндагон змæлд ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Транскавказаг автомагистраль — иунæг фæндаг, кæцыйыл гæнæн ис Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ ныццæуын.

Ног хабӕртты лентӕ
0