Колыты Аксойы номыл аивӕдты лицей банысан кодта йӕ 25-азон юбилей

© Sputnik / Алексей КовалевЮбилей лицея искусств
Юбилей лицея искусств - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лицей арӕзт ӕрцыд 1991 азы, Хуссар Ирыстонӕн иууыл уӕззаудӕр рӕстӕджыты, фӕлӕ йӕ уый ницы бахъыгдардта зынгӕ культурон ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ схъомыл кӕнынӕн.

ЦХИНВАЛ, 14 дек — Sputnik, Босыкты Наталья. Колыты Аксойы номыл Хуссар Ирыстоны аивӕдты паддзахадон лицей 25 азы дӕргъы схъомыл кодта ӕнтыстджын ӕмӕ курдиатджын гоймӕгты, кӕцытӕ абон фыдӕбон кӕнынц ирон адӕмы хӕрзӕбонӕн, загъта ахуыргӕнӕг Бикойты Нелли ахуырадон уагдоны юбилейӕн нывонд цытджын концерты рӕстӕджы.

"Скифтӕ" ӕхсӕнадӕмон фестивалӕй ӕрыздӕхтысты уӕлахизимӕ

Аивӕдты лицей банысан кодта йӕ сырӕзты 25 азы. Ахуыргӕнджытӕн, скъоладзаутӕн ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн раарфӕ кӕнынмӕ киноконцертон зал "Чермен"-мӕ ӕрбацыд тынг бирӕ уазджытӕ, уыдонимӕ президент Тыбылты Леонид дӕр.

Уазджытыл "Чермены" фойейы ӕмбӕлдысты куыд педколлектив ӕмӕ ахуырдзаутӕ, афтӕ сӕ раздӕры ӕзты рауагъдонтӕ дӕр. Лицейы ахуыргӕнӕг банысан кодта, уазджытӕй йемыдзаг зал дзурӕг кӕй у ууыл, ӕмӕ скъолайӕн кӕй ис бирӕ ӕмбӕлттӕ.

"Лицей йӕ куыст райдыдта уӕззау, хӕстон ӕзты, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, ахуыргӕнджытӕ иууылдӕр бакодтой стыр куыст, уый та радта йӕхи фӕстиуджытӕ. Нӕ рауагъдонтӕ сты ӕнтыстджын, курдиатджын, ныры лицеисттӕ та сты алыгъуызон ӕхсӕнадӕмон кункурсты лауреаттӕ ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ", — радзырдта Бикойты Нелли.

Концерты райдианы сценӕмӕ традицион Симдимӕ рахызт лицейы ансамбль "Скифтӕ", уый фӕстӕ сӕ арӕхстдзинад равдыстой чысыл пианисттӕ ӕмӕ чызджыты хор. Уыдон иу уазӕджы дӕр нӕ ныууагътой уазалӕнгӕсӕй.

Арфӕйы ныхӕстӕ скъолайы минӕвӕрттӕн загъта президент Тыбылты Леонид дӕр ӕмӕ банысан кодта ахуырадон уагдоны бӕрзонд ӕмвӕзад ӕмӕ ахуыргӕнджыты профессионализм.

"Республикæйы æмбæйттæ" сæ куыстытæ равдисдзысты Мæскуыйы

"Ахуыргӕнджыты удуӕлдай куысты фӕрцы лицейы рауагъдонтӕй бирӕтӕ ссисты Уӕрӕсейы престижон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты студенттӕ ӕмӕ уыдонӕй мах стӕм тынг сӕрыстыр", — загъта бӕстӕйы сӕргълӕууӕг.

Рӕзгӕ фӕлтӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ хъомыл кӕныны хъуыддагмӕ стыр хайбавӕрд бахӕссыны тыххӕй лицей хорзӕхджын ӕрцыд Кады грамотӕйӕ. Лицейы бындурӕвӕрӕг ӕмӕ ӕнӕаивгӕ директор Кӕсойты Лаврентӕн та президент радта майдан "В ознаменование 25-летия РЮО". Уымӕй дарддӕр ма Тыбылты Леонид ныфс бавӕрдта президентон фондӕй рахицӕн кӕнын фӕрӕзтӕ ӕмӕ лицейӕн музыкалон инструменттӕ балхӕнын.

Колыты Аксойы номыл аивӕдты паддзахадон лицей арӕзт ӕрцыд 1991 азы. Уникалон ахуырадон уагдон реализаци кӕны программӕтӕ, афтӕ ма рӕзгӕ фӕлтӕтры хъомыл кӕныны хъуыддаджы скъуыддзаг кӕны культурон-рухсадон хӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0